филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:27 суббота, 28 сентября 2024
05 ноября 2019, 18:36
Ныр 3 азы дæргъы зындзинæдтæ ййафы Дзæуджыхъæуы Левченкойы уынджы 2-æм хæдзары цæрæг Кучиты Клавдийæ

Бæлвырддæр та афтæ – йæ хæдзары къулы æмæ сыхаг арæзтады хсæн метры рдæг йеддæмæ нæй

Ныр 3 азы дæргъы зындзинæдтæ ййафы Дзæуджыхъæуы Левченкойы уынджы 2-æм хæдзары цæрæг Кучиты Клавдийæ.  Бæлвырддæр та афтæ – йæ хæдзары къулы æмæ сыхаг арæзтады хсæн метры рдæг йеддæмæ нæй. Уый иу, фæлæ ма дзы сæвæрдтой цалдæр кондиционеры. Уыдон та сæвзæрын кодтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады зындзинæдтæ. Хæдзары хъуына æмæ уымæл уæлдæфæй сулæфæн нал ис. Сылгоймаг йæ хъаст бахаста тæрхондонмæ. Цы йын дзы рауад, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ. 

Дыууæ хæдзары хсæн метры рдæг дæр нæй. Уымæй, æмæ ма сыхаг бæстыхайыл конд кондиционертæй бирæ рæстæг тыхсы Кучиты Клавдийæ. Ныр бæстыхай нымад у, цæрынæн чи нæ бæззы, ахæмыл. Йæ къулыл конд кусæнгæрзтæ домынц профилактикæ, æмæ сæм æрбацæуынц специалисттæ. Уыдонæн æндæр гæнæн нæ вæййы, æмæ бахизынц Клавдийæйы кæрты уылты. Сылгоймаг нын радзырдта, йæ зындзинæдтæ 3 азы размæ кæй райдыдтой. Иу хатт дыккаг уæладзыджы йæ уатæй рахизгæйæ, йæ балкъоны сæрыл баййæфта цалдæр æнæзонгæ адæймаджы. Уыдон архайдтой кондиционертимæ. 

Уæдæй фæстæмæ хæдзары æппынæдзухдæр хъуына, уымæл уæлдæф. Кучиты Клавдийæ зæгъы, уавæры аххосаг – кондиционертæ. Сылгоймаг йæ хъаст бахаста бынæттон администрацимæ. Уым ын баххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдтой.

Дзæуджыхъæуы Галиуфарсы префектурæйы административон-техникон инспекцийы администрацийы зæгъынц, арæзтад æцæгæйдæр æнæзакъон кæй у, уый. Бæлвырд у – арæзтадон домæнтæн дзуапп нæ дæтты.

Уый фæстæ Кучиты Клавдийæ йæ хъаст бахаста тæрхондонмæ. Ацы хатт йæхи хъæппæрисмæ гæсгæ. Фæлæ та йын дзы ницы рауад. Сылгоймаг йæ къухтæ æруадзынмæ нæ хъавы. Тох кæндзæн дарддæр дæр. Уыцы-иу рæстæг та тæрхондæтты пъырыстыфтæ пенсиисæгæй домынц, тæрхондоны процедурæтæн цы хца бахардз кодта, уыдон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania