филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:52 понедельник, 15 декабря 2025
03 января 2014, 11:27
Ныр 4-æм хатт аивадуарджытæн музыкалон лæвар кæны культурон проект «Возрождение»

Йæ нысан у национ культурæйы хæзнатæ бахъхъахъхъæнын. Ацы проекты фарс йæ рæстæджы хæцыд Галазты Æхсарбег. Ныр йæ фыды фæдзæхст æххæст кæны йæ фырт Аслан. Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы æххуысæй фыст æрцыдысты дисктæ Гæздæнты Булаты оркестры цæгъдтытимæ æмæ цы зарджытæ ныффыста, уыдонимæ.

Ныр 4-æм хатт аивадуарджытæн музыкалон лæвар кæны культурон проект «Возрождение». Йæ нысан у национ культурæйы хæзнатæ бахъхъахъхъæнын. Ацы проекты фарс йæ рæстæджы хæцыд Галазты Æхсарбег. Ныр йæ фыды фæдзæхст æххæст кæны йæ фырт Аслан. Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы æххуысæй фыст æрцыдысты дисктæ Гæздæнты Булаты оркестры цæгъдтытимæ æмæ цы зарджытæ ныффыста, уыдонимæ. Цы `хца дзы æрæмбырд уа, уымæй уадздзысты ног дисктæ.

«Алы цагъды дæр хъуамæ уа ирондзинад» – ацы ныхæстæ Гæздæнты Булатæн сты фæдзæхсты хуызæн æмæ сæ бирæ азы æххæст кæны. Æвæццæгæн, уымæн ис йæ цæгъдтыты цавæрдæр уæздандзинад, зæрдæмæдзæугæ хицæндзинад. Йæхи фыст музыкæ уа, æви æндæр композиторты уацмыстæ, Булат сæ цæгъды – раст цыма йæ зæрдæйы арфæй цæуынц, афтæ. Цыкурайы фæрдгуытау, нотæтæ бæтты кæрæдзиуыл æмæ дзы рауайы ирон музыкæ.

Уæвгæ Булаты ном æмæ йын йæ цæгъдтытæ чи нæ зоны, ахæм адæймаг стæм ис. Æмæ æрмæст республикæйы нæ. Йæ ном айхъуыст иннæ бæстæтыл дæр. Культæрæмæ цы æвæрæн бахаста, уый та абарæн дæр ницæимæ ис.

Цæгат Ирыстоны проект «Возрождение» æххæст кæнгæйæ дисктыл фыст æрцыдысты Гæздæнты Булаты, æмæ разамонæг кæмæн у, уыцы оркестры цæгъдтытæ. Уыцы хъуыддагыл бирæтæ бацин кодтой: культурæйы кусджытæ дæр, аивадуарзджытæ дæр. Кадджын уавæры скодтой дискты презентаци дæр.

Арæх фехъусæн ис, зæгъгæ «Гæздæнты Булат цæстуарзон адæймаг у». Уымæн та æвдисæныл банымайæн ис уый, æмæ кæй схъомыл кодта бирæ фæндырдзæгъдджыты. Никуы бавгъау кодта йæ зонындзинæдтæ, йæ арæхстдзинад кæстæртæн. Кæд сæ абон бирæтæ республикæйы зындгонд артисттæ систы, уæддæр нæ рох кæнынц сæ ахуыргæнæджы амынддзинæдтæ æмæ йæм абон дæр цæуынц зондагур. Уæлдай тынгдæр та бацин кодтой, дисктæ кæй рацыдысты, ууыл.

Презентацимæ æрбацыдысты, Булаты сфæлдыстад æмæ ирон музыкæ уарзон æмæ зынаргъ кæмæн сты, уыдон: поэттæ, фысджытæ, уацхæсджытæ, зарæггæнджытæ, аивадуарзджытæ. Се хсæн цы ныхас рауад, уый уыд куыд рагон æмбæлттимæ, афтæ. Алчидæр дзырдта йæ мысинæгтæ, æнкъарæнтæ, бузныджы ныхæстæ стыр мастерæн. Булат та, цыма ацы цаумæ ницы бар дары, уыйау бадт уæздан мидбылхудтимæ.

Фæлæ кæд иугæр адæмы зæрдæмæ фæндаг ссардтай, уæд дзы уарзондзинад ауадзы фидар уидæгтæ æмæ кæрæдзиимæ бастдзинад вæййы тынг фидар.

Ирон музыкæ, ирон фæндыры цагъд та адæймæг афтæ уарзон у æмæ йæ фехъусгæйæ ничи бауромдзæн йæхи. Афтæ презентацийы рæстæг дæр Булаты цæгъдтытæм æрбацæуджытæ сарæзтой хъазт.

Кæд æй æргом не вдыста, уæддæр Гæздæнты Булатæн æхсызгон куыд нæ уыд йе `сфæлдыстадæн, йæ куыстæн ын ахæм аргъ кæй скодтой, уый. Фæлæ «куыд Ирыстоны хъæбул мын æхсызгон уый у æмæ национ оркестры цæгъдтытæ та кæй фехъусдзысты адæм æмæ кæй баззайдзысты нæ кæстæртæн. Æппæтæй тыгдæр та ууыл цин кæнын æмæ ацы дисктæ ауæй кæнынæй кæй бантысдзæн республикæйы зындгонд артистты зарджытæ, музыкантты уацмыстæ дисктыл ныффыссын æмæ сæ парахат кæнын» – загъта стыр музыкант.

Мах ма зæгъдзыстæм уый æмæ проект æххæстгæнгæйæ, хæстæгдæр рæстæг дисктыл рауаддзысты Суанты Кимы зарджытæ.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania