филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:25 суббота, 28 сентября 2024
17 декабря 2021, 11:03
Ныр 40 азы дæргъы Комсомольскæйы цæрджытæ тыхсынц доны фарстайæ

Ногæй та йæ зæрдыл æрлæууын кодтой æрæджы, республикæйы Сæргълæууæгимæ комкоммæ эфиры рæстæг

Ныр 40 азы дæргъы Комсомольскæйы цæрджытæ тыхсынц доны фарстайæ. Ногæй та йæ зæрдыл æрлæууын кодтой æрæджы, республикæйы Сæргълæууæгимæ комкоммæ эфиры рæстæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй нысанмæ арæзт программæмæ хъæу хаст не рцыд. Куыд ис уавæр сраст кæнын, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Ацы зымæджы Вячеслав Богдановы хæдзары раз дон кæлы парахатæй. Къуылымпытæ сæвзæрынц сæрды. Æмæ йын уæд æндæр гæнæн нæ вæййы, æмæ нуазыны доны бæсты йæхи фæнайы уарынты донæй.

Вячеслав цæры хъæуы бын. Цы зындзинæдтыл æмбæлы, уыдонмæ, зæгъæн ис, æмæ хъæуы уæллаг хайы цæрджытæ бæлгæ кæнынц. Комсомольскæйы хъæуы цæрджыты донæй æфсады æрмæстдæр иунæг донцъирæн. Йæ хъомыс се ппæты фаг нæу.

Дондзæуæн системæ 60 азæй фылдæры эксплуатацийы мгъуыдмæ цалцæггонд цыди цалдæр хатты. Уыимæ – хайгай. Уымæ гæсгæ-иу арæх хæтæлтæ атыдтой, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, цæрджытæ цух æййæфтой нуазыны донæй.

Ленины уынг у æппæтæй ахсджиагдæр Комсомольскæйы хъæуы. Бынæттон цæрджытæ ам сæвæрдтой системон донцъирæнтæ. Уый фæрцы зымæгон дон хæдзæрттæм хуыздæр хæццæ кæны. Фæлæ сæрдыгон уавæр нæ ивы. Хъæуы цæрджытæ сæ курдиат бахастой Сергей Меняйломæ, комкоммæ эфиры рæстæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй иннæ азмæ хъæуккаг территориты комплексон рæзты программæмæ Комсомольскæ хаст не рцыд.

Рæстæг бирæ нал баззад, 2023-æм азмæ курдиæттæ бадæттæн æмбæлы февралы онг. Чи зоны æмæ ма сæ бон уыдзæн иннæ программæты бацархайын дæр. Уымæ гæсгæ доны фарста алыг кæныны хъуыддаг ныртæккæ фылдæр аразгæ у бынæттон администрацийы сæрæн архайдæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania