филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:53 суббота, 06 июля 2024
25 марта 2022, 12:25
Ныр дыууæ къуырийы онг Дзусты Ибрагимы уынджы хæдзары цæрджытæ тыхсынц, сæ лифт кæй нæ кусы, уымæй

Ацы подъезды цæры æппæтæй фылдæр хæсджын фæлхасгæнджытæ

Алы бон дæр – цæлхдурты сæрты. Ныр дыууæ къуырийы онг Дзусты Ибрагимы уынджы хæдзары цæрджытæ тыхсынц, сæ лифт кæй нæ кусы, уымæй. Уæлдай зындзинæдтæ æййафынц уæллаг уæладзгуыты цæрджытæ. Цы у уавæры аххосаг, æмæ цæмæ гæсгæ нæ лыг кæнынц бынæттон цæрджыты ахджиаг фарста, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Галина Перевозкина æмæ йæ сыхæгты сæ фатертæм бахæццæ уæвын æнцон хъуыддаг нæу. Ныр дыууæ къуырийы бæрц сæ лифт нæ кусы. Бон цалдæр хатты сæ фæхъæуы 7-æм уæладзыгæй æрхизын. Дуканимæ, кæнæ куыстмæ ацæуын, коммуналон лæггæдтæн бафидын. Ацы æрвылбоны хъуыддæгтæ фæстаг рæстæг систы зын сæххæст кæнæн.

Фæстаг 4 азмæ ацы лифт асасти æртыккаг хатт. Сцалцæг кæнæн æй ис. Чи басыгъди, уыцы мотор баивынæн хъæуы 55 мин сомы. Фæлæ разамынддæттæг компанимæ ахæм æхцатæ нæй. Ацы подъезды цæры æппæтæй фылдæр хæсджын фæлхасгæнджытæ. 36 фатеры хицауæй техникон лæггæдтæн фидынц æрмæстдæр 6 адæймаджы. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ фиддонтæй лифт сцалцæг кæнæн нæй.

Иу мæймæ ацы подъезды цæрджытæ бафидынц 10 мин сомы. Уыдонæй бафидынц кæрт мæрзæгæн, хæтæлтæ баивынæн, хæдзары сæр сцалцæг кæнынæн æмæ разамынддæттæг компанийы кусджыты мыздæн. Ома техникон лæггæдтæн фиддонтæй лифты цалцæгæн рахай кæнæн нæй. Ам аныхас кæнын хъæуы, чи нæ фиды, уыцы адæмимæ. Хæдзарæн разамынддæттæг компани хъаст балæвæрдта тæрхондонмæ, цæмæй цæрджытæ фидын райдайой, уый тыххæй. Фæлæ цалынмæ уыцы хъуыддæгтæ конд æрцæуой, уæдмæ лифт лæууы æгуыстæй.

Специалисттæ зæгъынц, фиддонты уавæр, æмтгæй райсгæйæ, æмхуызон у нæ бæстæйы регионты. Уæрæсейы цæрджытæ коммуналон компанитæй хæс дарынц триллион сомæй фылдæр. Уый та расайы æндæр хъуыддæгтæ: лæггæдты ныллæг æмвæзад æмæ разамынддæттæг компаниты банкрот.

Разамынддæттæг компани домы хæстæ сæхгæнын. Директоры ныхæстæм гæсгæ, цæрджытæ хъуамæ сæхæдæг скæной фыццаг къахдзæф, цæмæй фарста лыггонд æрцæуа, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania