ый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ
Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хæслæвæрдмæ гæсгæ ныр скъоладзаутæн сæхи бон уыдзæн æвзарын, цавæр скъолайы цур лагерьмæ цæудзысты, уый. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Æдæппæтæй скъолаты цур байгом кæндзысты 159 сæрдыгон лагеры. Уымæй фæстæмæ ма куыд загътой, афтæмæй фæлварæнтæ дæттынмæ цæттæ сты æппæт нысангонд пункттæ – 23-æм майы скъоладзаутæ райдайдзысты иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ дæттын. Æмбырды ма дзырдтой æнæниздзинадхъахъхъæнынады фарстатыл. Сергей Меняйло профилон министрадæн æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынадмæ цæстдарды республикон управленийæн бабар кодта, æркæсын ног фельдшерон-акушерон æмæ афтекты пункттæ аразын кæй хъæуы, уыцы хъуыддагмæ. Регионы разамонæг ма йе ргом аздæхта, республикæйы бæрзондтехнологон медицинон æххуыс исыны фарстамæ. Куыд загъта, афтæмæй цæрджытæй бирæ курдиæттæ баст сты, Цæгат Ирыстонæй дарддæр медицинон æххуыс райсынмæ ацæуыны хъуыддаджы баххуыс кæнынимæ.
