филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:54 воскресенье, 14 декабря 2025
11 апреля 2014, 11:07
Ныр цалдæр мæйы Абайты Васойы уынджы 87-æм хæдзары цæрджыты тыхсын кæны сæ кæрты сывæллæттæн хъазæн фæзы уавæр

Иу лыггæнинаг фарста ма ис ацы уынджы. Ныр цалдæр мæйы Абайты Васойы уынджы 87-æм хæдзары цæрджыты тыхсын кæны сæ кæрты сывæллæттæн хъазæн фæзы уавæр.

Ныр цалдæр мæйы Абайты Васойы уынджы 87-æм хæдзары цæрджыты тыхсын кæны сæ кæрты сывæллæттæн хъазæн фæзы уавæр
Иу лыггæнинаг фарста ма ис ацы уынджы. Ныр цалдæр мæйы Абайты Васойы уынджы 87-æм хæдзары цæрджыты тыхсын кæны сæ кæрты сывæллæттæн хъазæн фæзы уавæр. Коммуналон службæты кусджытæ дзы ивынц доны хæтæлтæ, æмæ уымæ гæсгæ фæз скъахтой. Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй ныр сæ сывæллæттæ кæм хъазой, ахæм бынат нæй. Горæты администрацийы сын зæрдæ бавæрдтой, хæстæгдæр рæстæг уавæр кæй сраст кæндзысты, уымæй.

Ацы хъазæн фæз схонæн ис экстремалон аттракционты парк сывæллæттæн. Зæгъæм, ам карусель æрмæст зилгæ нæ кæны, фæлæ уыимæ змæлгæ дæр. Качелитæ хæцынц саст фидаргæнæныл. Ацы конструкци та у турникы хуызæн, фæлæ дзы кæддæр уыд качелитæ. Къуыбырыл æрхизынмæ дæр йæ ныфс алы сывæллон нæ бахæсдзæн.

Ацы фæзмæ хауы 20 подъезды бæрц. Алкæцыйыдæр сæ цæры, чсыл бинонтæ кæм ис, ахæм бинонтæ. Уыимæ хъазæн зонæ арæхдæр вæййы афтид. Ныййарджытæ сæ сабиты ирхæфсынмæ аласынц горæты æндæр фæлладуадзæн бынæттæм.

Ольга Жиданова Абайты Васойы уынджы 89-æм хæдзары цæры 7 азы. Йæ ныхæстæм гæсгæ уыцы рæстæгмæ хъазæн фæзмæ базылдысты æрмæстдæр иу хатт – сахуырстой карусельтæ. Йæ 2 сывæллоны Ольгæ ардæм хъазынмæ нæ уадзы. Куыд зæгъы, афтæмæй уый се `нæниздзинадæн æдас нæу.

Ольга Жиданова, Абайты Васойы уынджы 89-æм хæдзары цæрæг: «С горки если ребенок съезжает «Сывæллон къуыбырыл куы æрцæйхизы, уæд æй фæхъахъхъæнынц 2 ныййарæджы: иу уæлейы, иннæ та бынæй. Сывæллон лæмæгъ у. Тæссаг у, йæхи куы ныццæва, уымæй. Фарон мæ чызг йæ фæсонтæ ныццавдта, æмæ йæ ныр ардæм хæстæг нал уадзын».

Ахæм уавæр ис сыхаг кæрты дæр. Фæлæ ам сæйрагдæр проблемæ уый у, æмæ цалдæр мæйы размæ хъазæн фæз скъахтой. Уæлдай тæссаг у мæнæ ацы дзыхъхъ. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ дзы цалдæр хатты сывæллæттæ ныххаудысты.

Къудухты Кето, Абайты Васойы уынджы 87-æм хæдзары цæрæг: «Ардæм æрбакæнын мæ дыууæ хъæбулы, иуыл дзы цæуы 12 азы, скъолайæ фæлладæй куы рбацæуы, уæд æй фæфæнды гыццыл ахъазын. Ам та у тынг чъизи. Нæй дзы хъазæн. Иннæ та у 6-аздзыд, æмæ сын хъазæн нæй. Дард сæ акæнын, Мемориалмæ, цæуылнæ ис гæнæн, æмæ ам саразой фæз, æмæ дзы сывæллæттæ хъазой».

Горæты администрацийы куыд загътой, афтæмæй ацы уавæримæ зонгæ сты. Фæз скъахтой, доны хæтæлтæ кæй ивынц, уымæ гæсгæ. Сты зæронд, дон сæ хъардта æмæ калдис хæдзары пъадвалтæм. Зæрдæ бавæрдтой, тагъд рæстæджы фæллалуадзæн зонæмæ кæй базилдзысты, уымæй.

Плиты Алыксандр, Дзæуджыхъæуы администрацийы информацион хайады хицау: «Уыцы куыстытæ куы фæуой, уæд хъазæн фæз саив кæндзыстæм, карусельтæ ныффидар кæндзыстæм, кæрдæг дзы байтаудзыстæм. Нæ сывæллæттæн та уыдзæн бынат кæм хъазой, уый».

Администрацийы кусджыты ныхæстæм гæсгæ, кæд къæвдатæ нæ уара, уæд æппæт куыстытæ фæуыдзысты къуырийы æмгъуыдмæ. 89-æм хæдзары хъазæн фæзмæ дæр фæнд кæнынц базилын ацы аз.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania