Хæдзары сæрæй тæдзы, пъадвалы – дон, къултæ уымæл
Ныр цалдæр азы Дзæуджыхъæуы Калинины уынджы хæдзары цæрджытæ тыхсынц сæ коммуналон фарстатæй. Хæдзары сæрæй тæдзы, пъадвалы – дон, къултæ уымæл. Йæ аххосаг та у уарынты канализаци куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ кусы, уый. Уавæр равзарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæстондæр.
Калинины уынджы 64-æм хæдзары цæрæг Яна Чиракидийы ныхæстæм гæсгæ зындзинæдтæ райдыдтой 4 азы размæ. Сæ аххосаг – уарыны канализацийы арæзт. Проектмæ гæсгæ цæуы хæдзары хуылфы. Къæвдаты, стæй хæдзары сæр мит тайын куы райдайы, уыцы дæттæ азæй азмæ хуылыдз кæнынц бацæуæны къултæ, суымæл вæййынц фатертæ дæр. Янæйы ныхæстæм гæсгæ, разамынддæттæг компанитæм иу æмæ дыууæ хатты нæ бахастой сæ курдиат, фæлæ дзуапп никуы райстой.
Подъезды хуылыдз къултæ – лыггæнинаг фарстатæн сæ иу. Æдзух донæй байдзаг вæййы хæдзары пъадвал. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, дон дзы фæлæууы цалдæргай къуырийы. Хæдзар арæзт æрцыд 1991-æм азы. Уæдæй нырмæ бындурон цалцæггонд иу хатт дæр нæма уыд. Уымæлы тæф адæм æдзух æнкъарынц. Уæлдайдæр та – сæрды, зæгъынц цæрджытæ.
Республикæйы цæрæнуæтты æмæ архитектурон-арæзтадон цæстдарды паддзахадон управленийы куыд фæрæг кодтой, уымæ гæсгæ хæдзар цы разамынддæттæг компанимæ лæвæрд у, уый хъуамæ канализацийы фарста алыг кæна къуырыйы дæргъы. Уый фæстæ бавналдзысты мидæггаг куыстытæм бацæуæны.
Бирæфатерон хæдзары сæры бындурон цалцæг нысангонд у 2038-æм азмæ, фæлæ кæд цæрджытæ иумæйагæй цы фæрæзтæ сæмбырд кæной, уыдон 80% уой, уæд æй скæнæн уыдзæн раздæр.




