филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:26 суббота, 28 сентября 2024
19 октября 2021, 11:03
Нырæй фæстæмæ Зилгæ æмæ Ног Бæтæхъойы хъæуты цæрджытæ æхсызгонæй цæудзысты асфальтæй æмбæрзт ног фæндагыл

Подрядон куыстуаты фæлтæрдджын кусджытæ архайынц бæлвырдæй, цæмæй ацы фæндаджы уаццаг бирæ азты бæлццæттæн къуылымпытæ ма ‘взарын кæна, фæлæ уа æдас æмæ æнцонвадат

Нырæй фæстæмæ Зилгæ æмæ Ног Бæтæхъойы хъæуты цæрджытæ æхсызгонæй цæудзысты асфальтæй æмбæрзт ног фæндагыл. Подрядон куыстуаты фæлтæрдджын кусджытæ архайынц бæлвырдæй, цæмæй ацы фæндаджы уаццаг бирæ азты бæлццæттæн къуылымпытæ ма ‘взарын кæна, фæлæ уа æдас æмæ æнцонвадат.

Цард цæуы æмæ фарн æрбахаста Зилгæ æмæ Ног Бæтæхъойы хъæуты цæрджытæн. Ацы бонты Рахизфарсы районы фæндагон-цалцæггæнæн куыстытæ бацыдысты сæ тæмæны. Архайы дзы бирæ уæзласæн машинæтæ æмæ æндæр нырыккон техникæ. Ног фæндагæн йæ дæргъ уыдзæн 5 километры æмæ 300 метры, йæ фæтæн — аст метры. Йæ арæзтадмæ гæсгæ хауы 3-аг техникон категоримæ, машинæтæ дзы цæудзысты дыууæ рæнхъæй, фидаргонд æрцæудзысты фæндаггæрæттæ дæр, — зæгъы «Ирдорстрой»-ы директор Дзодзиаты Тамерлан. Арæзтады пайда кæнынц æппæты хуыздæр арæзтадон æрмæгæй, ис сæм хъæугæ техникæ, дæсны специалисттæ. Уый сын фадат дæтты æнæкъуылымпыйæ архайынæн, æмæ куыстытæ афоныл фæуынæн.

 Ацы фæндагæн ис регионалон нысаниуæг, цалдæр хъæуы бæтты кæрæдзиуыл æмæ Рахизфарсы районы центримæ. Бирæ азты бындуронæй цалцæггонд нæ уыд, заууатмæ æрцыд, адæм зындзинæдтæ æвзæрстой, фæлæ ныр уавæр цæхгæр аивдзæн, æнцонвадат фæндаг дзуапп дæтдзæн æдасдзинады æмæ æндæр хъæугæ домæнтæн.Йæ хæрзхъæддзинад ын бæрæг кæны сæрмагонд лаборатори, куыстытæм иудадзыг сæ цæст дарынц Республикæйы фæндæгты хæдзарады комитеты специалисттæ.

 Районы цæрджытæ ног фæндагмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Цин кæнынц ногдзинадыл, фæлæ сæм ис курдиæттæ æмæ фæндонтæ дæр.

 Фæндæгты арæзтады сæйраг домæн у хæрзхъæддзинад, адæмы æдасдзинад — уый аразджыты куысты сæйраг нысан. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ныртæккæ ницы къуылымпытæ æййафынц,  æрмæст нæ æрдзы хорзæх уæд. Æнæрлæугæйæ архайынц, цæмæй ног фæндаг бирæ азты лæггад кæна адæмæн.  Дзуапп дæтдзæн æппæт техникон домæнтæн. Сæхимæ исынц фæндаджы уавæрмæ уый фæстæдæр цæст дарыны хæс.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania