филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:21 вторник, 16 декабря 2025
27 февраля 2014, 16:47
Ныртæккæ Украинæйы цы змæстытæ цæуынц, уыдон мæты фæтауынц не ппæты дæр.

Знон ныхмæлæуддзинады акцитæ райдыдтой Хъырымы. Уым та бирæ азты цæрынц ирон адæм дæр. Цы уавæры сты ныртæккæ, уый базоныны тыххæй телефонæй бадзырдтам Хъырымы ирон-алайнаг æхсæнады сæрдар, архитектор Саулаты Валериймæ.

Ныртæккæ Украинæйы цы змæстытæ цæуынц, уыдон мæты фæтауынц не ппæты дæр. Знон ныхмæлæуддзинады акцитæ райдыдтой Хъырымы. Уым та бирæ азты цæрынц ирон адæм дæр. Цы уавæры сты ныртæккæ, уый базоныны тыххæй телефонæй бадзырдтам Хъырымы ирон-алайнаг æхсæнады сæрдар, архитектор Саулаты Валериймæ. Æмæ нын цы радзырдта, уымæ байхъусут.

Саулаты Валерий, Хъырымы ирæтты æхсæнады сæрдар: «Бузныг, кæй ныл тыхсут, уый тыххæй. Махæй ам хъыгдард ничи баййæфта. Кæрæдзийæн æххуыс кæнæм. Мах амы цæрæг адæмы дих нæ кæнæм. Иууылдæр нæхи нымайæм иу паддзахады цæрæг адæмыл. Уырны нæ, æмæ нæ зæрдæ дарæм, цыфæнды зын фарста дæр сабырæй алыг кæнæ кæй ис, уый. Бузныг ма уын иу хатт, кæй ныл тыхсут, уый тыххæй».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania