филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:47 вторник, 16 декабря 2025
11 декабря 2012, 09:42
Ныры конституцийæн цы ахадындзинад ис, уый тыххæй ныхас кодтой Дзæуджыхъæуы

Тымбыл стъолы архайдтой конституцион тæрхондоны, Парламенты, прокуратурæйы æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты минæвæрттæ. Доклад бацæттæ кодта Конституцион тæрхондоны сæрдар Цалиты Алыксандр.

Тымбыл стъолы архайдтой конституцион
тæрхондоны, Парламенты, прокуратурæйы æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты
минæвæрттæ.

Доклад бацæттæ кодта Конституцион тæрхондоны сæрдар Цалиты Алыксандр. Йæ
хъуыдымæ гæсгæ абон адæм сæ конституци æвзæр зонынц. Уымæн æмæ сæйраг
закъоны цы бартæ фыст сты, уыдон æмбæлгæ уагыл æххæстгонд нæ цæуынц.
Тымбыл стъолы архайджытæ сæ фæндæттæ загътой, Конституцимæ цавæр
ивддзинæдтæ бахæссын хъæуы, уый тыххæй. Æмбырд арæзт æрцыд Конституцийы
боны кадæн. Фæбæрæг æй кæнынц 12 декабры. Уæрæсейы Федерацийы сæйраг
закъон фидаргонд куы æрцыд, ууыл иннæ аз æххæст кæны 20 азы. Уымæ гæсгæ
афæдзы дæргъы арæзт цæудзысты тымбыл стъолтæ, конференцитæ æмæ æндæр
мадзæлттæ.

Цалиты Алыксандр, РЦИ-Аланийы
Конституцион тæрхондоны сæрдар: «Адæм куы нæ хæссой се гъдау, уæд сæ
цард бирæ нæ ахæсдзæн. Уыцы хабæрттæ зонын хъæуы, уымæн æмæ сæ мах не
рхъуыды кодтам. Кæд нæ фыдæлтæ бирæ азты дæргъы цардысты уыцы æгъдæуттæм
гæсгæ, уæд сын ныр дæр кад кæнын хъæуы».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania