Цæгат Ирыстоны 4-æм хатт ацыд дисциплинæты *хсæн æппæтуæрæсеон конференци
Нырыккон дунейы адæймаджы карæн æмæ царды хæрзхъæддзинадæн разамынд дæттын: æцæгдзинад æмæ гæнæнтæ. Цæгат Ирыстоны 4-æм хатт ацыд дисциплинæты *хсæн æппæтуæрæсеон конференци. Ацы аз Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы æрæмбырд сты бæстæйы медицинон æхсæнады раззагдæр специалисттæ. Æрныхас кодтой, эндокрион системæйы низтæ диагностикæ кæныны æмæ дзæбæх кæныны, гастроэнтерологон патологиты ахсджиаг фарстатыл. Дзырдтой, адæймаджы царды æмæ æнæниздзинады социалон æмæ психологон аспекттыл цы фарстатæ ахадынц, уыдоныл. Стыр мадзалы архайдта 500 адæймагæй фылдæр. Се *хсæн уыд фæсарæйнаг уазджытæ дæр. Конференцийы бацархайын уыд алкæйы бон дæр, интернеты уыд трансляци.




