филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:54 среда, 17 декабря 2025
05 февраля 2018, 12:00
Нырыккон Ирон хъайтар. Цæгат Ирыстонмæ, стыр уæлахизы фæстæ, сыздæхт боксер Гасситы Мурат

Беслæны аэропорты йыл сæмбæлдысты мингай адæм. Спортсмен сын раарфæ кодта, бузныг загъта, йæ фарс кæй рахæцыдысты, уый тыххæй.

Нырыккон Ирон хъайтар. Цæгат Ирыстонмæ, стыр уæлахизы фæстæ, сыздæхт боксер Гасситы Мурат
Нырыккон Ирон хъайтар. Цæгат Ирыстонмæ, стыр уæлахизы фæстæ, сыздæхт боксер Гасситы Мурат. Беслæны аэропорты йыл сæмбæлдысты мингай адæм. Спортсмен сын раарфæ кодта, бузныг загъта, йæ фарс кæй рахæцыдысты, уый тыххæй. Радзырдта, цалдæр къуырийы йæ фæллад кæй уаддзæн, уый фæстæ та кæй райдайдзæн финалмæ цæттæ кæнын. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Ацы сидт се ‘ппæтæн дæр зонгæ у. Рингмæ рацæуыны размæ Гасситы Мурат арæх фæзæгъы ацы ныхæстæ. Чемпионы фарсылхæцæг адæм йе ссыдмæ сæхи сæрмагондæй бацæттæ кодтой. Цалдæр сахатмæ аэропортмæ адæмæй къух бакæнæн нал уыд. Бирæттæ йын хъæр кодтой йæ профессионалон ном.
Уыдис, Мураты фарс чи хæцыд, фæлæ йæ ныхмæлæууæг кæй зæрдæмæ цыд, ахæмтæ дæр. Не ‘мзæххон йæ боксеры рон Юниер Дортикосæн кæй радта, уыцы цауæн бирæтæ стыр аргъ скодтой.
Спортмен ссыд чартерон рейсыл. Трапæй куыддæр æрхызт, афтæ райдыдта автографтæ дæттын. Муратимæ Дзæуджыхъæумæ ссыдысты промоутерон компани «Урал бокс промоушн»-ы æххæстгæнæг директор Алексей Васильев, стæй Уæрæсейы боксы федерацийы генералон секретарь Умар Кремлев. Мурат радзырдта, Дортикос тыхджын спортсмен кæй у. Фæуæлахиз уæвын æнцон нæ уыд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, чысыл баулæфдзæн, æмæ цæттæ кæндзæн боксы æппæтдунеон суперсерийы финалмæ. Сæмбæлдзæн Александр Усикимæ.
Боксы федерацийы генералон секретарь куыд загъта, афтæмæй финал кæмфæндыдæр арæзт куы æрцæуа, уæддæр цин кæндзысты ахæм рæсугъд æмæ сыгъдæг боксыл. Фæлæ сæхицæн нысан сæвæрдтой, цæмæй финалон фембæлд Уæрæсейы уа.
Горæтмæ бацæуыны дæр Муратмæ æнхъæлмæ кастысты, йæ курдиатæн ын аргъ чи кæны, уыдон. Ныр сæм ис, сæ уарзон спортсмены фарсмæ ма иу хатт сæ бон æрлæууын кæй суыдзæн, уый ныфс.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania