филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:23 суббота, 28 сентября 2024
24 сентября 2019, 12:52
Нырыккон цардимæ æмдзу кæнын, ног технологитæй пайда кæнын, уый хорз у

Фæлæ афтæ дæр вæййы æмæ интернет, социалон хызтæ адæймагмæ рæзын кæнынц æппæрцаг миниуджытæ

Нырыккон цардимæ æмдзу кæнын, ног технологитæй пайда кæнын, уый хорз у. Фæлæ афтæ дæр вæййы æмæ интернет, социалон хызтæ адæймагмæ рæзын кæнынц æппæрцаг миниуджытæ. Уæлдайдæр та сывæллæттæ æмæ æвзонг адæммæ. Интернеты тыгъдады карз видеотæ куы равæрынц, уæд. Хъæуынц ахæм кадыртæ æви нæ, уый тыххæй адæммæ ис алыхузон зондахаст. Цы хъуыды кæнынц журналисттæ, уый тыххæй радзурдзæн Гутьиаты Алинæ. 

Уæрæсейы медиатыгъдад йæ фыццаг бонтæй фæстмæ хъуаг не ййæфта æвирхъау контентæй. Ивгъуыд æнусты нæуæдзæм азты фæзындысты, трэш-журналисттæ кæй хонынц, уыдон. Уыцы адæм агурынц æппæты цыргъдæр, судзагдæр æмæ æвирхъаудæр кадыртæ. Цæмæй сæ самал кæной, уый тыххæй ницæуыл бацауæрддзысты. Ахызтысты иу се æгъдау æмæ адæймаджы миниуджыты сæрты, цæмæй сæ къухы бафтой, зæгъæм, лæгмард лæмбынæг æвдыст кæм цæуы, ахæм кадртæ. Ныртæккæ замантæ раивтой. Журналисты этикæйы домæнтæ кæй фæзындысты, уый хыгъд фæкъаддæр сты, адæмы æргом æнæуаг æрмæджытæй чи здæхта, уыцы адæмы нымæц.Фæлæ журналистты раивтой блогертæ. Уыцы къабаз рæзын куы райдыдта, уæд та социалон хызты сбирæ сты æвирхъау кадртæ — хъаугъатæ, хылтæ, лæгмæрдтæ æмæ фæндаггон фыдбылызтимæ къамтæ æмæ видеотæ. Æрæджы интернет-тыгъдады апарахат ис, дыууын дыууæаздзыд чызджы амарынмæ куыд хъавыдысты, уый кадртæ. Адæмæн бирæтæн уый сæ зæрдæмæ нæ фæцыдис.

Республикæйы журналистты хъуыдымæ гæсгæ, нæ хъæуы рох кæнын уыцы фарстайы этикон мидис. Журналисттæ, блогегертæ æмæ æхсæнады минæвæрттæй бирæты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм æрмæджытæ зиан хæссынц куыд сабиты, афтæ хистæр кары адæмы миддунейæн дæр.

Ахæм æрмæджытæ пайда кæнынц, цæмæй сæ аудиторийы нымæц фæфылдæр кæной — зæгъынц иутæ. Иннæты хъуыдымæ гæсгæ та, уыцы æвирхъау кадыртæ хъæуынц, цæмæй æхсæнады æргом раздахой риссаг фарстамæ.

Республикæйы цæрджытæм дæр уыцы хъуыддаджы иу хъуыды нй. Плиты Олеся куыд зæгъы, афтæмæй ахæм видео равæрыны размæ хъæуы ахъуыды кæнын фыдбылызы амæттаг æмæ йæ бинонтыл. Чи зоны, уыдоны уавæр дæр сæ хуыздæртæй нæу æмæ сыл хъæуы бацауæрдын.

Уæрæсейы закъон дæр афтæ амоны. Фыдракæнды амæттаджы ном æнæ йæ бар ратгæйæ у æнæзакъон. Стæй æвирхъау митæ æвдыст кæм цæуы, ахæм видео парахат кæнгæйæ дæр халыс закъоны домæнтæ. Гæнæн ис, æмæ ахæм барадхæлдтыты тыххæй тæрхондон бахгæна дзыллон-информацион фæрæз.

Уæвгæ, журналист науæд дзыллон-информацион фæрæз хъуамæ йæхæдæг скæна хатдзæг, æрмæг парахат кæнын æмбæлы æви нæ, уый. Кæд æмæ æвирхъау видео бахаут интернетмæ æбæрæг адæймагæй, уæд хъыгдардбаййафæгæн ис бар сайты разамындмæ бахатын, цæмæй æрмæг айсой, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania