филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:55 четверг, 09 мая 2024
15 апреля 2014, 11:27
Нывгæнæг Джиоты Вадим архайы ирон æрмдæсныйы аивад бахъахъхъæныныл, кæны хъæдæрмæджы куыст

Нывгæнæг Джиоты Вадим архайы ирон æрмдæсныйы аивад бахъахъхъæныныл, хъæдæрмæджы куыст кæны йе `рыгоны бонтæй фæстæмæ. Фæстаг рæстæг та йе `ргом аздæхта хъазæнтæ æмæ къæлæтджынтæ кæнынмæ.

Нывгæнæг Джиоты Вадим архайы ирон æрмдæсныйы аивад бахъахъхъæныныл, кæны хъæдæрмæджы куыст
Нывгæнæг Джиоты Вадим архайы ирон æрмдæсныйы аивад бахъахъхъæныныл, хъæдæрмæджы куыст кæны йе `рыгоны бонтæй фæстæмæ. Фæстаг рæстæг та йе `ргом аздæхта хъазæнтæ æмæ къæлæтджынтæ кæнынмæ.

Курдиатджын æрмдæсныйы къухты хуымæтæг хъæдæрмæджы хай райсы рæсугъд формæ. Сагтæ, бæхтæ, мæргътæ. Се `ппæты дæр сæ фенæн ис ирон орнамент. Хъæдæрмæгимæ нывгæнæг Джиоты Вадим кусын райдыдта нырма хæрз æрыгон лæппуйæ. Йе `рмадзы æнæхъæн бон куы фæуа, уæддæр не сфæлмæцы.

Хъæдæрмæгæй хъазæнтæ кæнын Джиоты Вадим хæрзæрæджы райдыдта. Ацы хъуыддагмæ йæ сразæнгард кодта йæ кæстæр чызг. Вадим фылдæр архайы, цæмæй хъазæнтæ уой хуымæтæг. Афтæмæй сывæллæттæ сæхæдæг хъуыды кæндзысты, куыд архайой семæ, ууыл. Йæ куыстыты `хсæн ис бæх æмæ ирон чызг къæрцгæнæнты хуызы. Йæ къахдзоныгътыл ирон лæгтæн та стыр аргъ скодтой Сочийы олимпиадæйы. Вадим куыд зæгъы, афтæмæй ацы хъазæнтæ сты йæхи сабийы бонтæй.

Джиоты Вадим, нывгæнæг: «Гыццылæй-иу мæм мæ фыды мад цы хъазæнтæ кодта, уыдон кæнын. Уый сæ пластилинæй кодта. Фæлæ мынæн уый мæ хъуыдыйы баззад, æмæ уымæ гæсгæ мæ сывæллонæн кæнын ахæм хъазæнтæ. Æрмæст уыдонæн нæ, фæлæ иннæты зæрдæмæ дæр цæуынц».

Къæлæтджынтæ кæнын дæр Вадимæн у ног хъуыддаг. Сæ аразыны хъуыды йæм рагæй уыд, фæлæ сæ цæмæй кæнын райдайа, уымæн ын æмбæлгæ дæнцæгтæ нæ уыд. Ныр ссардта цалдæр рагон къæлæтджыны. Уыдонмæ гæсгæ йæхæдæг скодта 4 ахæм бадæны.

Ныртæккæ Джиоты Вадим цæттæ кæны, Дзæуджыхъæуы цы кинофестиваль «Золотой клык» арæзт æрцыд, уый архайджытæн лæвæрттæ. Уыдзысты мæнæ ахæм хъæдын хъазæнтæ – алыхуызон цæрæгойты хуызты.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania