филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:28 понедельник, 08 июля 2024
02 сентября 2014, 11:28
Нывгæнæг Цоколаты Георгий йæ куыстыты æвдисы Дзуæртты нывтæ, библийæ ист сюжеттæ, ирон адæмы цардыуаг

Куыд зæгъы, афтæмæй алы нывы дæр хъуамæ аæвæрд æрцæуа цавæрдæр хъуыды. Æрмæст уæд сфæлдыстадæн ис фидæн. Цоколаты Георгий ныртæккæ йæхи цæттæ кæны персоналон равдыстмæ.

74029
Дзуæртты нывтæ, библийæ ист сюжеттæ, ирон адæмы царды уаг æвдисæг нывтæ, алыхуызон адæмы портреттæ, æрдзы рæсугъддзинад. Нывгæнæг Цоколаты Георгий йæ куыстыты темæтæ исы цардæй. Куыд зæгъы, афтæмæй алы нывы дæр хъуамæ аæвæрд æрцæуа цавæрдæр хъуыды. Æрмæст уæд сфæлдыстадæн ис фидæн. Цоколаты Георгий ныртæккæ йæхи цæттæ кæны персоналон равдыстмæ.

Цоколаты Георгий цалцæг кæны дзуарыныв «Апостол Фома æмæ Апостол Иуда». Дзуæртты цæсгæмтты нывтæ бахъахъхъæнын бантыст, фæлæ дзы уæддæр чысыл куыст нæй, зæгъы нывгæнæг. Ацы куыст кæнынæн хъуамæ райсай сæрмагонд бар, æмбарын кæны Георгий. Уыцы хъуыддагмæ йæ сразæнгард кодта иеромонах Иосиф, Сунжæйы аргъуаны сауджын.

Цоколаты Георгий, нывгæнæг: «Нæ фыдæлтæ афтæ дзырдтой – алцыдр Хуыцауæй кæнгæ у. Æмæ цыдæриддæр фæкæнын æз, раздæр скувын Хуыцаумæ, Есо Чырыстимæ, æртæ иууонмæ – фыдмæ, фытрмæ æмæ сыгъдæг удмæ æмæ мын уыдон дæттынц тых æмæ хъару. Æнæ куывдæй ницы куыст кæнын. Мæнæн ис сауджын, уымæй æз ракурын бар. Йæ ном хуыйны фыд Иосиф. Æмæ цыдæриддæр куыстытæ фæкæнын, чырыстон динимæ уа, кæнæ æндæр, алы хатт дæр дзы бар ракурын, уырсагау – благословление. Æнæ уымæй нæ фæкæнын».

Амæй размæ ма нывгнæг сцалцæг кодта дыууæ дзуарынывы. Уæвгæ, йе сфæлдыстад у алывæрсыг. Баст у царды алы къабæзтимæ – æрдзы рæсугъддзинад, адæмы фæлгонцтæ, библийæ æмæ цардæй ист сюжеттæ. Сæйрагдæр та уый у, æмæ алы куыст дæр хъуамæ хæсса цавæрдæр арф хъуыды.

Цоколаты Георгий, нывгæнæг: «Æнæ хъуыдыйæ цæмæн хъæуы ныв, куы нæ дзы уа. Ныв у мæнæ адæймаг куыд у, афтæ. Хъуамæ дзы уа уд, зонд, буар. Æмæ рæсугъд дæр вæййы».

Цоколаты Георгий ныв кæны, хæрзчысыл куы уыд, уæдæй нырмæ. 3 аздзыд лæппу уæвгæйæ йæ æмбæрста, нывгæнæг уыдзæн, уый. Скъолайы ахуыргæнгæйæ ма нывкæнынады дæсныйад иста аивадон скъолайы. Уый фæстæ та – Дзæуджыхъæуы аивадон училищæйы. Ленинграды каст фæцис Верæ Мухинайы номыл уæлдæр аивадон промышленнон училищæ дæр. Æмæ ныгæнæг кæй сси, уыцы хъуыддагыл нырмæ никуы фæфæсмон кодта. Фæлæ ацы дæсныйады архайынæн хъæуы стыр хъару, зæгъы Георгий. Уымæ гæсгæ æрыгон фæлтæрмæ сиды, цæмæй бæлвырд ахъуыды кæной, кæд сæ ацы дæсныйад равзарын фæнды, уæд.

Цоколаты Георгий, нывгæнæг: «Сæ ныййарджытæн дæр дзурын. Кæд уæ фæнды, уæ сывæллон нывгæнæг суа, уæд ахъуыды кæнут 12 хатты. Уый тыххæй æмæ уый у тынг зын. Мæнæ афтæ, ныв кæнын сахуыр кæнын – уый о, фæлæ æцæг нывгæнæгæн йæ цард у зын».

Нывгæнæг ма кусы Георгий-Уæлахизхæссæджы фæлгонц саразыныл. Скодта уал эскиз кърандасæй, ныр та йæ ахорæнтæй кæны четæныл. Уæвгæ йæ фæнды персоналон равдыст скæнын æмæ ныртæккæ архайы, уыцы хъуыды царды рауадзыныл.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania