филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:41 воскресенье, 28 апреля 2024
13 марта 2024, 12:56
Нывгæнæг Чертхъоты Дареджаны куыстыты сæрмагонд равдыст байгом адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары

Хаст æм æрцыд 50 куыстæй фылдæр

Нывгæнæг Чертхъоты Дареджаны куыстыты сæрмагонд равдыст байгом адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары. Хаст æм æрцыд 50 куыстæй фылдæр. Сæ тематикæмæ гæсгæ сты алыхуызон. Конд уыдысты алы азты. Уыдон сты сюжетон композицитæ, пейзажтæ, натюрморттæ, портреттæ. Йе сфæлдыстады Чертхъоты Дареджан парахатæй пайда кæны ахæм аивадон фæрæзтæй, куыд аллегори, символикæ. Ахсджиаг ын у зæрдæхæлардзинады æмæ гуманизмы хъуыдытæ фидар кæнын. Чертхъоты Дареджан у нывгæнæг, педагог, бирæ семинарты æмæ дæсныйадæвдисæг ахуырты архайæг. Йæ куыстытæ æвдыст цыдысты республикон, регионалон, æппæтуæрæсеон æмæ æппæтадæмон равдыстыты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania