25 марта 2020, 19:06
Официалон хъусынгæнинагмæ гæсгæ, дохтыртæ сæ цæст дарынц 552 адæймагмæ
Уыдон сты сæ хæдзæртты, æмæ уал сын æндæр рæттæм цæуæн нæй
Цæгат Ирыстоны коронавирусæй рынчынтæ нæй. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадæй. Официалон хъусынгæнинагмæ гæсгæ, дохтыртæ сæ цæст дарынц 552 адæймагмæ. Уыдон сты сæ хæдзæртты, æмæ уал сын æндæр рæттæм цæуæн нæй. Сæ фылдæр æрæджы æрбаздæхтысты фæсарæнтæй. Республикæйы цæрджытæм сидынц, цæмæй бирæ адæм кæм æмбырд кæнынц, ахæм рæттæм ма цæуой.




