филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:36 пятница, 19 сентября 2025
04 июля 2025, 10:35
Октябрьскæйы аразынц ног аргъуан

Йæхи къухтæй йæ аразы дины кусæг, фыд Владимир

Октябрьскæйы аразынц ног аргъуан. Йæхи къухтæй йæ аразы дины кусæг, фыд Владимир. Æххуыс ын кæнынц уырнæг æмæ зæрдæхæлар адæм. Кæд бæстыхай цæттæ нæма у, уæддæр дзы арæзт фæцæуыныц аргъуыдтытæ. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæстондæр.

Фыд Владимир аразынæн хъæугæ фæрæзтæ йæ къухмæ райста 6 азы размæ, Октябрьскæйы астæу аргъуаны бынат бæрæггонд куы *рцыд, уæд. Кусджыты æмрæнхъ райдыдта архайын – арæзтады дæсныйады сусæгдзинæдтимæ зонгæ кодта уыдонмæ кæсгæйæ.

Аргъуан саразынмæ ам æнхъæлмæ кастысты 20 азæй фылдæр. 2018 азы бынæттон администрацийы æмæ амалхъом адæмы руаджы дихгонд æрцыд зæххы хай. Арæзтадон куыстытæ цæуынц сындæггай,  сæ фылдæр сты аргъуаны сæргълæууæджы уæхсчытыл. Цæрджытæ йын æххуыс кæнынц зæрдиагæй.

Чи цы кусдзæн, уый адæм сæхæдæг равзарынц, фыд Владимиры арфæйы фæстæ. Æндадзæг 76-аздзыд Николай Толоконников алы райсом дæр æрцæуы Дзæуджыхъæуæй. Йæ хæсыл нымайы йæ райгуырæн хъæуы аргъуаны арæзтадæн æххуыс кæнын. Йæ зæрдæ дары, ацы бынат чырыстон адæмы иугæнæг кæй суыдзæн, ууыл.  Октябрьскæйы никуы уыд аргъуан, зæгъы Николай.

Татьяна Балабко æрвылбон æрбацæуы аргъуанмæ, æххуыс кæны йæ территори аив кæнын. Цы дидинджытæ нассагъта,  уыдоны руаджы бæстыхайы алыварс сæрттывта алыхуызон ахорæнтæй.

Аргъуаны арæзтадæн ахъаз сты адæм цы *хцайы фæрæзтæ *рбахæссынц, уыдон. Кæд цæттæ нæма у, уæддæр дзы аргъуыдтытæ фæцæуынц. Йæ арæзтадмæ йе *ххуысы хай бахæссæн у алы адæймагæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania