филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:24 воскресенье, 29 сентября 2024
27 декабря 2012, 15:14
Октябрьскийы рынчындоны бындурон цалцæджы фæстæ байгом сты гинекологон æмæ арæндоны хайæдтæ

Медицинон кусæндон сцалцæг кæнын къуыхы бафтыд республикæйы хицауады æхууысæй.
Æппæт куыстытæ сыстадысты 30 милуан сомы аргъ. Горæтгæрон районы рынчындон бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Такъоты Сергей.

Медицинон кусæндон сцалцæг кæнын къуыхы бафтыд республикæйы хицауады æхууысæй.

Æппæт куыстытæ сыстадысты 30 милуан сомы аргъ. Горæтгæрон районы рынчындон бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Такъоты Сергей. Куыд загъта, афтæмæй йын æхсызгон у, Ног азы размæ районы сылгоймæгтæн ахæм лæвар кæй скодтой, уый. Ацы цаумæ районы сылгоймæгтæ æнхъæлмæ кастысты 3 азы. Ныр æмбæлгæ медицинон æххуыс райсынæн бынæттон цæрджыты нал хъæудзæн Дзæуджыхъæумæ цæуын. Бæстыхай цæст рæвдауы. Сыгъдæг агъуыстытæ, ног кусæнгæрзтæ, нырыккон медицинон техникæ. Хорз уавæртæ дзы ис 50 сылгоймагæн. Рынчындоны ис ноггуырдтæн реанимацион системæ дæр. Районы сæйраг дохтыр Кучиты Георгийы ныхæстæм гæсгæ, ныр уыцы иу рæстæг арæн хайады сæ бон балæггад кæнын у 20 сылгоймагæн æмæ 15 ноггуырдæн. Гинекологон хайады та ис бынат 25 сылгоймагæн. Бæрнон кусджытæ зæрдæ æвæрынц хæстæгдæр рæстæг амбулаторитæ кæй байгом кæндзысты Куырттаты, Михайловскæйы æмæ Сунжæйы, Октябрьскийы ма байгом кæндзысты терапевтон хайад.

Къæбысты Анжеликæ, акушер-гинеколог: «Мах стыр бузныг стæм, ахæм бæстыхай нын чи балæвар кодта, уыцы адæмæй се ппæтæй дæр. Республикæйы хицауад, районы, стæй мæнæ нæ рынчындоны разамындæй дæр. Ахæм уавæрты кусынмæ рагæй бæллыдыстæм. Тынг хорз конд æрцыд. Æмæ ныр сылгоймæгтæй æхсызгон хъуыддагмæ чи æнхъæлмæ кæсы, уыдоны дард кæдæмдæр цæуын нал хъæуы. Мах сæм ам æнхъæлмæ кæсæм, фæкæсдзыстæм сæм. Се ппæты дæр хонæм нæхимæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania