филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:33 воскресенье, 01 февраля 2026
22 января 2025, 10:40
Олег Галайчук цæттæ кæны акъоппы цырæгътæ хæстонтæн

Бакуыстæ сæ цæттæ кæныны хи технологийыл

Фронтæн æххуыс – ахсджиаг хъуыддаг. Иумæйаг уæлахизмæ се вæрæн хæссынц Цæгат Ирыстоны цæрджытæ. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар у Олег Галайчук. Йæ хæдзары цæттæ кæны акъоппы цырæгътæ хæстонтæн. Бакуыстæ сæ цæттæ кæныны хи технологийыл. Йемæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Олег Галайчук пенсийы уæвгæйæ дæр йæ рæстæг дзæгъæлы нæ сафы. Цæттæ кæны акъоппы цырæгътæ хæстонтæн. Хиконд цех самал кодта йæ хæдзары. Фронтæн æххуыс кæны 2022-æм азы ноябрæй фæстæмæ. Уыцы рæстæгмæ арвыста 4 мин блиндажон цырагъæй фылдæр. Фæстаг парти уыд Ног азы агъоммæ. Нæлгоймаг зоны, уæлахизмæ фæндагыл фæсчъылдымы архайд куыд ахсджиаг у, уый. Фыццаг рæстæг æрмæджытæ йæхæдæг амал кодта, ныр ын æххуыс кæнынц зæрдæхæлар адæм æппæт республикæйæ.

Акъоппы цырæгътæ цæттæ кæныны технологийыл Олег Галайчук йæхæдæг бакуыста. Фæлваргæйæ æмæ рæдыдтытæ кæнгæйæ, хуыздæр кодта йæ арæхстдзинад. Ныртæккæ та ма йын бантыст бакусын, цæмæй цырагъ фылдæр рæстæг судза, ахæм формулæйыл.

Ацы куысты бирæ лыстæг хъуыддæгтæ ис, зæгъы нæлгоймаг. Алкæцыйæндæр сæ ис нысаниуæг. Хус кæнæ уымæл картон, парафины температурæ, фитилы дæргъ æмæ банкæтæ – алцыдæр, цæмæй æфсæддонтæ æнкъарой райгуырæн зæххы аудындзинад.

Ацы хъуыддагмæ се вæрæн хæссынц Олег Галайчукы æппæт бинонтæ. Йæ бинойнаг хæстонтæн быйы цъындатæ, йæ чызг ис волонтерты змæлд «Уæлахизы бинонты» сæргъы. Иумæ фронтмæ æрвитынц хъæугæ дзаумæттæ æмæ хæдзарæй æхсызгон салам.

Адæмы æххуыс – æрмæст уый хъæуы Олег Галайчукы. Пенсиисæг се *ппæтмæ дæр сиды, цæмæй бацæуой волонтерон змæлды хыгъдмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй уый у алкæйы граждайнаг хæс.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania