Бафæзминаг хъуыддаг. Ольгинскæйы фæсивæд сфæнд кодтой, æдзард хæстонтæн хъæуы цы парк ис, уымæ сæхи хъарутæй базилын. 9-æм маймæ йæ хъуамæ сæхгæной быруйæ, быронæй йæ
300 бæласы. 300 сæдæ сахъгуырд хæстоны нал сыздæхтысты сæ райгуырæн уæзæгмæ, Ольгинскæйы хъæумæ. Сау хабар фехъусгæйæ иу хъæуыккæгтæ ныссагътой бæлас. Афтæ сæвзæрд Уæлахизы Парк. Бирæ азтæ рацыд уæдæй нырмæ, парк зауатмæ рцыд, æхгæд нæу æмæ дзы сымбырд бырæттæ, хизынц дзы фос. Уыд базилинаг, æмæ уыцы хъæппæрис сæхимæ райстой Ольгинскæйы фæсивæд. Райдыдтой æхца æмбырд кæнын, кæмæн йæ бон цас у, уый бæрц. Сæ фарс рахæцыдысты хистæртæ æмæ хъæуы бынæттон администраци.
Кокайты Батраз, Ольгинскæйы цæрæг: «Ацы паркмæ нæ зæрдæ æхсайдта рагæй. Афтæ йæм кастыстæм. Уыдтам, æдзæллагæй-æдзæллаг дæр кодта. Кæд æмæ нæ цæссгом у, уæд загътам афтæ, хъæуы фæссивæд. Хистæрæй-кæстæрæй сеппæт дæр бавнæлдтам, фенæмæй куыд уыдзæн, куыд нын рауайдзæн, уæд та ма нын тынг рæсугъд рауади».
Ацы хъæппæрис баиу кодта хъæуы фæсивæд. Фæлладуадзæн бон дзы кусынæй не фсæдынц. Сæвæрдтой хъайвантæ, бынæттон куырды дæснытæ та сæхи къухтæй æфсæйнагæй аразынц быру. Ольгинскæйы скъоладзаутæ дæр æгуыст не сты. Æфснайынц Парчы фæзуат.
Ольгинскæйы фæсивæдæн æххуыс кæны се мхъæуккаг архитектор. Цы проект сарæзта, уымæ гæсгæ Уæлахизы Парчы алыварс сæхгæндзысты. Йæ бацæуæн дæр уыдзæн райдзаст æмæ рухс. Сараздзысты дзы къахвæндаг, стæй бадæн бынæттæ.
Хæмыцаты Руслан, Ольгинскæйы хъæуы сæргълæууæг: «Бру дзы уыдис конд, фæлæ ныппырх ис. Æмæ хъуыды ккодтам, куыд кæнæм, цы кæнæм? Æмæ уæд кæстæртæ, фæсивæдон комитет загътой, нæхæдæг дам исты кæндзыстæм. Æрзылдысты чи сын баххуыс кæна æхцæйы фæрæзтæй ахæмтæ. Æмæ радтой, хъæу дæр баххуыс кодта æмæ уыцы тыхтæй архайæм абон».
Ольгинскæйы фæсивæд сæ хæсыл сæвæрдтой, куыстытæ 9-æм маймæ фæуын. Сæвæрдзысты ма дзы, хæсты быдыры æнустæм цы 300 хæстоны баззад, уыдоны нæмттимæ фыст цыртдзæвæн. Сæ хъæппæрис бафæзминаг куыд нæ у.
Моргуаты Ладæ




