Архайдтой дзы Хицауады уæнгтæ, Рахизфарсы районы администрацийы минæвæрттæ, хъæуы цæрджытæ, скъоладзаутæ
Ацы аз 120 азы сæххæст Советон Цæдисы хъæбатыр Мамсыраты Хаджумары райгуырдыл. Уый кадæн йæ рагуырæн хъæу Ольгинскæйы арæзт æрцыдысты номарæн мадзæлттæ. Архайдтой дзы Хицауады уæнгтæ, Рахизфарсы районы администрацийы минæвæрттæ, хъæуы цæрджытæ, скъоладзаутæ. Уыдис дзы уазджытæ Хуссар Ирыстонæй дæр. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Номдзыд сгарæджы тыххæй зарæг азæлыд Ольгинскæйыл. Дзуры, зæхкусджыты бинонтæй хуымæтæг лæппуйы лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинады тыххæй. Мамсыраты Хаджумары ном ацы хæдзары фыццаг хатт райхъуыст 20-æм æнусы райдиан. Уæд арвыл ссыгъд йе стъалы æмæ цыма сбæрæг кодта хъæбатыр æфсадфæтæджы хъысмæт, афтæ. Уæд нырма ничи æмбæрста, уыцы стъалы йæ риуыл кæй дардзæн. Фæлæ уый фæстæдæр. Фыццаг уал уыд сгарæджы æмæ кавалеристы фæндаг.
Булкъон Ксантийы хъысмæты тыххæй Ирыстоны зындгонд у, сгарæджы тыххæй цас ис зонæн, уыйбæрц. Йæ службæгæнæн биографийы бирæ хъуыддæгтæ сусæггонд сты. Фæлæ Ольгинскæйы цæрджытæн Мамсыраты Хаджумар хуымæтæг национ хъæбатыр æмæ курдиатджын хæстон нæу. У æмхъæуккаг. Уый та хи хæстæгау у. Ацыд иу нæ, фæлæ 5 хæсты. Æнæзæрдæхудтæй æххæст кодта, йæ размæ æвæрд хæстæ. Абон дæр дæнцæг у лæппутæн æмæ чызджытæн. Хъæбатыры ном æрхъуыды кæнынмæ æрæмбырд сты скъоладзаутæ Рахизфарсы районы алы хъæутæй æмæ ма суанг Хуссар Ирыстонæй дæр.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты Мамсыраты Хаджумаримæ райгуырæн бæстæ фашисттæй хъахъхъæдтой 443 сырхгвардионы – Ольгинскæйæ рацæугæ адæм. Се *ппæт не *рыздæхтысты сæхимæ, алы дыккаг дæр фæмард карз тохты. Хъахъхъæдтой райгуырæн Кавказ, уæгъд кодтой Мæскуы, Ленинград, Украинæ æмæ Европæ, истой Берлин. Сæ хъæбатырдзинады географи апарахат дунейыл. Салдæтты ныфс æмæ фæразондзинад зæрдыл дарын кæнынц мемориалон комплекс æмæ æфсымæрон ингæн. Уæвгæ, бынæттон цæрджытæ сæ хъæуæн кад чи кæны, уыдоны никуы ферох кæнынц. Ам сæрыстыр сты, абон бæстæ бахъахъхъæныныл чи архайы, уыдонæй дæр.
Ленины 3 ордены, Сырх Тырысайы 5 ордены, Советон Цæдисы хъæбатыр. Мамсыраты Хаджумары хæрзиуджытæ æгæронæй нымайæн ис. Ныфсхаст инæлары ном хæссынц алы горæтты уынгтæ æмæ скъолатæ, ныффыстой йыл зарджытæ, чингуытæ, систой йыл документалон кинонывтæ. Йæ намыс æнустæм цæрдзæн, сæрмагонд бынат та кæддæриддæр ахсдзæн йæ райгуырæн хъæуы цæрджыты зæрдæты.




