филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:08 суббота, 06 июля 2024
29 марта 2022, 11:23
Ольгинскæйы хъæуы цæрджытæ æрæмбырд кодтой æмæ арвыстой  стыр уазласæн машинæ гуманитарон æххуысимæ, сæрмагонд операцийы цы æфсæддонтæ архайы, уыдонæн

Акци саразджыты ныхæстæм гæсгæ, гуманитарон æххуыс бакæныныл бакуыстой зæрдиагæй

Ольгинскæйы хъæуы цæрджытæ æрæмбырд кодтой æмæ арвыстой  стыр уазласæн машинæ гуманитарон æххуысимæ, сæрмагонд операцийы цы æфсæддонтæ архайы, уыдонæн. Акци саразджыты ныхæстæм гæсгæ, гуманитарон æххуыс бакæныныл бакуыстой зæрдиагæй. Фæнды сæ, ацы мадзалы фæрцы, сæ удты хъармдзинад фæхæццæ кæнын куыд æфсæддонтæм, афтæ Донбассы цæрджытæм дæр. Уыцы уавæрты фыццаградон цы мигæнæнтæ сты, уыдонæй уæлдай ма арвыстой ирон чъиритæ  æмæ традицион бæгæны. Фурæ, Уæрæсейы æмæ Ирыстоны тырысатимæ араст  Ростовмæ, уырдыгæй та гуманитарон уаргъ арвитдзысты Донецкы адæмон республикæмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania