филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:04 вторник, 16 декабря 2025
26 сентября 2025, 10:34
Ольгинскæйы скъолайы арæзт æрцыд кадджын мадзал

Баст уыд, Советон Цæдисы хъæбатыр, легендарон сгарæг Мамсыраты Хаджумары райгуырды боныл 122 азы кæй рацыд, уыимæ. Скъоладзаутæ радзырдтой сæ зындгонд æмзæххоны царды æмæ сгуыхтдзинæдты тыххæй

Ольгинскæйы скъолайы арæзт æрцыд кадджын мадзал. Баст уыд, Советон Цæдисы хъæбатыр, легендарон сгарæг Мамсыраты Хаджумары райгуырды боныл 122 азы кæй рацыд, уыимæ. Скъоладзаутæ радзырдтой сæ зындгонд æмзæххоны царды æмæ сгуыхтдзинæдты тыххæй. Бацæттæ кодтой сæрмагонд программæ. Инæлар-булкъоны сгуыхтдзинæдты тыххæй æмдзæвгæтæ бакастысты сывæллæттæ. Хъæуы ма абон дæр ис Мамсыраты Хаджумар кæм цардис, уыцы хæдзар, ныртæккæ дзы ис музей. Бынæттон скъола хæссы йæ ном. Ахуыргæнæндоны кæрты номдзыд «Ксанти»-йæн сæвæрдтой цыртдзæвæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania