филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:34 воскресенье, 01 февраля 2026
16 февраля 2024, 11:55
Ольгинскæйы скъолайы байгом номарæн фæйнæг Малиты Иналæн

Хъæбатыр хæстон сæрмагонд æфсæддон операцимæ ацыд бархионæй

Ольгинскæйы скъолайы байгом номарæн фæйнæг Малиты Иналæн. Хъæбатыр хæстон сæрмагонд æфсæддон операцимæ ацыд бархионæй. Хъыгагæн, фарон, 25-æм сентябры карз тохы йæ цард аскъуыд. Йе *мхъæуккæгты зæрдæты æнустæм баззайдзæн зæрдæхæлар æмæ, æххуысмæ æрбацæуынмæ алкæддæр цæттæ чи уыд, ахæм адæймагæй. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Йе мхъæуккæгты – Касаты Виталийы, Абайты Давиды æмæ Зыгъуытаты Чермены фарсмæ ныр сæ уарзон скъолайы къулыл æрбалæууыд Малиты Инал дæр. Цыппарæй дæр уыдысты ацы ахуыргæнæндоны рауагъдонтæ. Иналæн номарæн фæйнæг байгом кæныны мадзалы архайдта йæ 7-аздзыд фырт Альберт дæр.

Инал сæрмагонд æфсæддон операцимæ ацыд бархионæй. Йæхи равдыста ныфсхастæй, æнтыстджынæй æххæст кодта йæ размæ æвæрд хæстæ. Фарон, 25-æм сентябры карз тохы йæ цард аскъуыд. Цыдис ыл 35 азы. Йæ амæлæты размæ ма, Инал йæ хæстон æмбалы æхсытыты бынæй рацæйкæнгæйæ, фæцæф ис æмæ бахауд госпитальмæ. Йæ фæллад уадзыныл æмæ реабилитацийыл не сразы ис, фыццаг фадат ын куы фæцис, уæд та араст фронтмæ. Баззадис ын 2 сывæллоны. Йе *мхъæуккæгты зæрдæты æнустæм баззайдзæн зæрдæхæлар æмæ æххуысмæ æрбацæуынмæ алкæддæр цæттæ чи уыд, ахæм адæймагæй.

Номарæн мадзалмæ æрбацыдысты хъæбатыр хæстоны хиуæттæ, Рахизфарсы районы разамынды, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, хъæуы цæрджытæ. Иналы фыд Малиты Мæхæмæт се *ппæтæн дæр бузныг загъта се *рхъуыдыдзинады тыххæй.

Скъола ма сарæзта, ныр традицион чи сси, ахæм акци «Уæхскæй уæхскмæ». Расидт æй Рахизфарсы районы сылгоймæгты Совет. Педагогтæ, ахуырдзаутæ æмæ сæ ныййарджытæ, хъæуы цæрджытæ сæмбырд кодтой гуманитарон æххуыс сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн. Сывæллæттæ ма хæстонтæн бацæттæ кодтой арфæйы фыстæджытæ.

Уæвгæ, Ольгинскæйы скъолайы патриотон хъомылады фарстатæм æдзухдæр сæрмагонд æргом здæхт цæуы. Æмæ уый диссаг нæу. Ахуыргæнæндон хæссы Советон Цæдисы хъæбатыр Мамсыраты Хаджумары ном. Уый æмæ ныр та ма Малиты Иналы æмæ иннæ хъæбатыр рауагъдонты дæнцæгыл хъомыл кæндзысты рæзгæ фæлтæры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania