Абон æй бацамыдтой Хицауады æмбырды.
Олимпаг хъæзтыты чемпионкæ Санаты Аидæ нысангонд æрцыди РЦИ-А физкультурæ æмæ стпорты министры хæдивæгæй. Абон æй бацамыдтой Хицауады æмбырды.
Министртæ æрныхас кодтой бирæ актуалон фарстатыл. Се хсæн республикæйы сæрмагонд инвестицион программæ, у 2022-æм азмæ конд. Йæ сæххæст кæныныл ацы аз хардзгонд æрцæудзæн 380 милуан сомы. Нысан кæнынц Центрон паддзахадон архивы проектон куысты, Беслæны æвзонг техникты станцæ, Черменыхъæуы скъолайы арæзтад. Уымæй уæлдай, Дзæуджыхъæуы, Ираны æмæ Красногоры сывæллæтты рæвдауæндæттæм уæлæмхасæн арæзтадтæ, сывæллæтты реабилитацион центры хъармгæнæны арæзтад. Инвестицион программæмæ гæсгæ, арæзт æрцæудзысты 36 фельдшерон-акушерон пункты дæр. Æмбырды сфидар кодтой горæты арæзтады политикæйы фæдыл бæлвырд хъуыддæгтæ.




