филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:18 суббота, 21 сентября 2024
19 декабря 2012, 09:31
Оперæ æмæ балеты паддзахадон театры арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы музыкалон скъолаты иумæйаг концерт

Бахастой йæм дыууын цыппар номыры. Сывæллæтты сфæлдыстадон коллективтæ аивадуарзджытæн бацæттæ кодтой инструменталон, кафджыты æмæ зарæггæнджыты къордты равдыстытæ. Музыкалон изæр байгом кодта хъуыстгонд æрыгон дирижер Тедеты Хетæг.

Бахастой йæм дыууын цыппар номыры.
Сывæллæтты сфæлдыстадон коллективтæ

аивадуарзджытæн бацæттæ кодтой инструменталон, кафджыты æмæ
зарæггæнджыты къордты равдыстытæ. Музыкалон изæр байгом кодта хъуыстгонд
æрыгон дирижер Тедеты Хетæг. Йæ разамындæй ацагъта Цæгат Ирыстоны
Паддзахадон филармонийы оркестр. Аивадуарзджыты зæрдæтæ ма барухс кодтой
Дзæуджыхъæуы лæппуты хор æмæ театралон студи «Золотой ключик». Иумæйаг
концерт арæзт æрцыд горæты бынæттон администрацийы æмæ Цæгат Ирыстоны
культурæйы министрады хъæппæрисæй.

Гуссауты Фатимæ: «Мæ дыууæ чыжзы ам кæй
архайынц, уымæ гæсгæ æрбацыдтæн ардæм. Концерт мæ зæрдæмæ тынг фæцыди.
Зæрдиагæй арфæ кæнын сæ ахуыргæнджытæн. Сæ цæттæдзинадыл бæрæг у, хорз
куыст сыл кæй цæуы, уый».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania