19 апреля 2013, 14:23
Оперæ æмæ балеты театры уыд паддзахадон филармонийы симфонион оркестры концерт
Дирижер Евгений Кирилловы разамындæй оркестр акодта Ференц Листы æмæ Иоганесс Брамсы уацмыстæ. Концерты архайдта дунеон музыкалон конкурсты лауреат, зындгонд уæрæсейаг пианист Евгений Брахман.
Дирижер Евгений Кирилловы разамындæй оркестр акодта Ференц Листы æмæ Иоганесс Брамсы уацмыстæ. Концерты архайдта дунеон музыкалон конкурсты лауреат, зындгонд уæрæсейаг пианист Евгений Брахман.
Маэстро акодта Листы «Фортепианнон оркестрæн 1-аг концерт». Аивадуарзджыты зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд æмæ йæ сценæйæ нал уагътой. Зал йæ къухæмдзæгъдæй нал æнцад. Уæд ма Евгений Брахман оркестримæ акодта Рахманиновы æмæ Шопены композицитæ.
Концерт амыдта музыковед Марина Ядых.
темæмæ гæсгæ