филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:16 вторник, 16 декабря 2025
27 февраля 2014, 11:07
Ортопедон партæ скъолаты. Ацы хъуыды царды рауадзыныл архайынц æрыгон амалхъом адæймаг Дзанайты Зæринæ Дзапарты Артур æмæ Муратимæ

Партæйы ахæм хуыз æрхъуыды кодтой цалдæр азы размæ. Патент та йын райстой 2007-æм азы. Ныртæккæ уал эксперименты хуызы ахæм ортопедон партæтимæ къластæ ис Дзæуджыхъæуы цалдæр скъолайы.

Ортопедон партæ скъолаты. Ацы хъуыды царды рауадзыныл архайынц æрыгон амалхъом адæймаг Дзанайты Зæринæ Дзапарты Артур æмæ Муратимæ
Партæйы ахæм хуыз æрхъуыды кодтой цалдæр азы размæ. Патент та йын райстой 2007-æм азы. Ныртæккæ уал эксперименты хуызы ахæм ортопедон партæтимæ къластæ ис Дзæуджыхъæуы цалдæр скъолайы.

Фыццаг бакастæй ацы партæ у хуымæтæг. Ис дзы бадæн бынат, стæй стол. Цымыдисаг та дзы уый у, æмæ партæйы ис сывæллонæн йæ уæрджытæн æвæрæн. Ацы хæйттæ се ппæт дæр сты уымæн, цæмæй скъоладзауы уæз иухуызон цæуа йæ астæуы хъæды хæйттыл се ппæтыл дæр. Партæйы ацы хуыз æрхъуыды кодта промышленнон дизайнер Дзапарты Артур, йе фсымæр, дохтыр-ортопед Дзапарты Муратимæ. Сæхи сывæллæттæ дзы пайда кæнынц уæдæй нырмæ. 2007-æм азы та сæ хъуыды бахъахъхъæдтой æмæ йын райстой патент. Куыд зæгъынц, афтæмæй партæйы руаджы арæзт цæуынц ахæм уавæртæ, цæмæй сывæллон раст бада ахуыры рæстæг.

Дзапарты Артур, промышленнон дизайнер, проекты автор: «Ныртæккæ сывæллæттæн сæ астæуыхъæд, партæйыл бадгæйæ ныкъкъæдз вæййы. Ацы партæ та уый тыххæй конд у, цæмæ сывæллон раст бада, æмæ æнæниз уой, уый тыххæй».

Ацы партæйы уæлхъус бадгæйæ сывæллонæн хуыздæр райдайы кусын йæ туджы системæ, уый та пайда у зонды ахастæн, стæй æнæниздзинадæн, зæгъынц дохтыртæ. Ныртæккæ уал эксперименты хуызы арæзт æрцыд цалдæр къласы. Дзæуджыхъæуы 22-æм скъолайы 1-æм къласы ахуырдзаутæ ацы партæтæй пайда кæнынц ныр 3 мæйы бæрц. Сæ зæрдæмæ цæуынц сæ ног партæтæ.

Фидæны ацы партæтæ фæзындзысты иннæ скъолаты дæр. Уый та хорзырдæм фæзындзæн сывæллæтты æнæниздзинадыл.

Ныртæккæ ортопедон мебель аразджытæ архайынц ууыл, цæмæй специалисттæ скæной сæ хатдзæгтæ. Сывæллæттæ хъуамæ дыууæ азы æппынæдзух пайда кæной ахæм партæтæй. Æрмæст уый фæстæ æрæзт æрцæудзæн клиникон иртæстытæ.

Фыццаг уал проекты автортæ архайдтой сæхи фæрæзтæй. Уый фæстæ райстой паддзахадон æххуыс дæр. Проекты автортæй иу Джанайты Зæринæ куыд зæгъы, афтæмæй, амалхъомдзинады рæзты центры специалисттæн ацы хъуыды сæ зæрдæмæ фæцыд, цымыдисаг кæй у æмæ иннæтæй кæй хицæн кæны, уый тыххæй. Уæдæ йæ бахъахъхъæдта фæсивæдон форум «Машук»-ы дæр.

Джанайты Зæринæ, проекты автор: «Ацы аз, сæрды, æз уыдтæн форум Машукы. Мæ проект бахъахъхъæдтонг æмæ райстон грант. Ам нæхимæ бизнес центры дæр проект банымадтой хорзыл, æмæ йын стыр аргъ скодтой. Цы фæрæзтæ нын радтой, уыдонæй мах аразæм нæ куыст».

Ацы партæ ма хорз у уымæй, æмæ йæ ис алы сывæллоны асмæ гæсгæ дæр скæнæн. Ома сывæллон куы рæза, афтæ йе стол æмæ бандон дæр ис фестырдæр кæнæн. Уый та у вазыгджын хабар. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй сывæллæттæн сæ 75% сты, йæ астæуыстæг зылын кæмæн у, ахæмтæ. Æмæ уыцы фарстайыл кусын хъæуы иумæйаг тыхтæй.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania