филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:31 воскресенье, 06 октября 2024
24 ноября 2014, 12:25
«Осмысленное присвоение». Хуызистыты проект – æрвылбоны царды æмæ фыдæлты æгъдæутты тыххæй хъуыдытæ адæмы размæ рахаста æрыгон нывгæнæг Тедеты Хъазыбег

Йæ куыстыты равдыст байгом Беслæны Культурæйы галуаны. Къамты сты, абоны дуджы чи цæры, уыцы адæм, сæ фыдæлтæ цæмæй пайда кодтой, ахæм дзауматимæ. Хуызистыты проект саразыны хъуыды фæзынд 2013-æм азы, æппæтадæмон аивадон симпозиум «Аланикæйы».

75245
«Осмысленное присвоение». Хуызистыты проект – æрвылбоны царды æмæ фыдæлты æгъдæутты тыххæй хъуыдытæ адæмы размæ рахаста æрыгон нывгæнæг Тедеты Хъазыбег. Йæ куыстыты равдыст байгом Беслæны Культурæйы галуаны. Къамты сты, абоны дуджы чи цæры, уыцы адæм, сæ фыдæлтæ цæмæй пайда кодтой, ахæм дзауматимæ. Хуызистыты проект саразыны хъуыды фæзынд 2013-æм азы, æппæтадæмон аивадон симпозиум «Аланикæйы». Цæгат Ирыстоны национ музейы æххуысæй нывгæнæг Тедеты Хъазыбег йæ хъуыды царды рауагъта. Нырыккон аивады паддзахадон центры цæгаткавказаг филиалы разамонæг Тебиаты Галинæ куыд зæгъы, афтæмæй ацы проектæн стыр аргъ скодтой дунеон куратортæ æмæ аивадиртасджытæ. Дарддæр проект ахæццæ кæныны фадат фæзынд Геннадий æмæ Еленæ Тимченкоты хæрзаудæн фонды руаджы. Цы конкурс сарæзтой, уым Тедеты Хъазыбег архайдта æмæ райста грант. Фæрæзты руаджы сæххæст кодта йæ хъуыдыйы иннæ хæйттæ дæр. Куыста ма Стъараполы крайы, Дагестаны æмæ Кæсæг-Балхъары национ музейтимæ. Проекты дæргъы автор скодта 100 куысты бæрц. Уыдонæй равдыстмæ бацыдысты 74.

Цгъойты Таймураз: «Раст куы зæгъон, уæд мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис ацы равдыст, фыццаджыдæр уымæн, æмæ дзы æз федтон ме ‘рыгон бонты цы федтон, уыцы дзаумæттæ. Зæгъæм пирæнтæ, сасир. Бирæ цыдæртæ æрхъуыды кодтон. Æмæ уый тынг хорз хъуыддаг у, мæнæ сæ кæстæртæ кæй æвдисынц ныртæккæ, уымæн æмæ кæстæртæ фендзысты, раздæр куыд уыди æмæ ныртæккæ цы цард кæнæм, уый».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania