филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:21 суббота, 31 января 2026
17 августа 2023, 12:00
Остап Бендер æмæ Киса Воробьянинов: рæхджы ацы литературон хъайтарты сурæттæ фæзындзысты Дзæуджыхъæуы

Ног объекттыл кусы скульптор Зæнджиаты Таймураз

Остап Бендер æмæ Киса Воробьянинов. Рæхджы ацы литературон хъайтарты сурæттæ фæзындзысты Дзæуджыхъæуы. Ног объекттыл кусы скульптор Зæнджиаты Таймураз. Зындгонд комбинатор лæудзæн фæндагыл, йæ къухы та 12 бандонæй иу. Хъуыдыкæнынады гигант, цыма исты куры, афтæ. Авторы бафæндыд, ацы сурæттæ кинойы йæхиуыл чи сбарста, уыдоны равдисын нæ, фæлæ йæхи цæстæнгас раргом кæнын. Уыимæ персонажтæ уыдзысты æнцон базонæн, сæхи характеримæ. Ильф æмæ Петровы роман «12 стульев»-йы сæйраг хъайтартæ уыдысты бæлццæттæ. Сæ балц цыди Дайраны комыл Тифлисы рдæм. Суанг ма къæдзæхыл дæр ныууагътой сæ къухфыст «Киса и Ося были здесь». Скульптурæтæ фæзындзысты Къостайы проспекты – раст цыма Остап Бендер æмæ Киса Воробьянинов сæхимæ цæуынц, ахæм хуызы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania