Ирд премьерæ фæндаг ссарда аивадуарзджыты зæрдæмæ
Зындгонд комбинатор сдзырдта ирон æвзагыл. Зæрдæмæдзæугæ æмæ ирд хъайтар Остап Бендер агуры уыцы хъуыстгонд бандон Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театры сценæйы. Ирд премьерæ фæндаг ссарда аивадуарзджыты зæрдæмæ. Ильф æмæ Петровы æнæмæлгæ уацмыс «12 стульев» ацы хатт æвæрд æрцыд мюзиклы жанры. Куыд сын бантыст, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Зæрдæмæдзæугæ, ирд æмæ цæхæрцæст. Иу ныхасæй – æцæг Остап Бендер. Æрмæст иунæг хицæндзинад. Ацы хатт дзуры иронау. Фæлæ уымæй литературон хъайтары сурæт æмæ миниуджытæ æппындæр нæ аивтой. Уыйхыгъд ма ноджы фæирддæр сты. Артисттæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй ацы уацмысы рольтæ хъазын æнцон хъуыддаг нæу. Зындзинæдтыл æмбæлынц алы къахдзæф кæнгæйæ дæр.
Бирæ сахатты репетицитæ, зын аразæн грим, декорацитимæ архайд. Спектаклыл кусгæйæ, труппæмæ фæзынд бирæ зындзинæдтæ. Фæлæ уый нæ хынцгæйæ, ис скæнæн æхсызгон хатдзæг – аивадуарзджытæ баззадысты разыйæ. Актерты дæсныдзинад, цыргъзонд æмæ юмор фæндаг ссардтой театрдзауты зæрдæмæ. Иннæ ахсджиаг хъуыддаг – музыкæ. Уый фæрцы алкæмæн дæр фадат уыд цымыдисаг историмæ бахауынæн.
Костюмтæй райдай, æмæ спектаклы хъайтарты алы ныхасæй фæуы. Ам лыстæг хъуыддæгтæ нæй. Алцæмæдæр цыди уæлдай æргом здæхт. Раст цыма мюзиклæн ног æнкъарæнтæ лæвар кæнынц, афтæ. Æмæ сæйрагдæр фарста – цы у адæймаджы амонд?
Зын æмæ тæссаг. Ахæм у спектаклы сæйраг хъайтарты фæндаг хъæздыгдзинадмæ. Ацы хатт уыцы цымыдисаг истори радзурыны фæнд скодтой Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театры артисттæ. Куыд сын рауад, уымæн та аккаг аргъ скæндзысты аивадуарзджытæ.
