филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:36 суббота, 28 сентября 2024
25 сентября 2024, 10:35
Остъаты Хетæг Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæны «2024-æм азы хуыздæр ахуыргæнæджы» Æппæтуæрæсеон конкурсы

Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты Саратовы ацыд бæстæйы ахуыргæнджыты сæйраг ерыстæ байгом кæныны кадджын мадзал

Дзæуджыхъæуы 14-æм скъолайы истори æмæ бæстæзонынады ахуыргæнæг Остъаты Хетæг Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæны «2024-æм азы хуыздæр ахуыргæнæджы» Æппæтуæрæсеон конкурсы. Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты Саратовы ацыд бæстæйы ахуыргæнджыты сæйраг ерыстæ байгом кæныны кадджын мадзал. Арфæйы ныхæстæ дзы загъта Уæрæсейы Рухстауынады министр Сергей Кравцов. Йæ ныхæстæм гæсгæ, конкурсы фæрцы хъомысджындæр кæны ахуырады системæ. Лауреаттæ суыдзысты фыццаг къæпхæны хуыздæр бæрæггæнæнтæ чи равдиса, ахæм 20 педагогы. Конкурс фæуыдзæн 29-æм сентябры. Призертæ дзы суыдзысты дыккаг къæпхæны хуыздæртыл нымад чи суа, ахæм 7 адæймаджы. Лауреаттæ архайдзысты 3 ерысы – «Дæсныйадæвдисæг ахуыртæ», «Брифинг» æмæ «Блиц-турнир». Конкурсанттæ уал барвыстой сæ видеоæрмæджытæ. Фенæнсæ ис конкурсы сайты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania