филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:20 воскресенье, 19 мая 2024
23 апреля 2014, 11:46
Отставкæйы майор Николай Пигасмæ фæзынд цымыдисдзинад æрмдæсныйадмæ

Ахорæнты бæсты алыхуызон æндæхтæ, цъылинаджы бæсты та судзин. Отставкæйы майор Николай Пигасмæ фæзынд цымыдисдзинад æрмдæсныйадмæ. Нывæфтыдтæ кæнын чи уарзы, æхæм

Отставкæйы майор Николай Пигасмæ фæзынд цымыдисдзинад æрмдæсныйадмæ
Ахорæнты бæсты алыхуызон æндæхтæ, цъылинаджы бæсты та судзин. Отставкæйы майор Николай Пигасмæ фæзынд цымыдисдзинад æрмдæсныйадмæ. Нывæфтыдтæ кæнын чи уарзы, æхæм нæлгоймæгты арæх нæ фендзынæ. Хæрзæрæджы Николай райдыдта нывтæ кæнын. Уæвгæ йæм сфæлдыстадмæ тырнындзинад рагæй уыд, фæлæ йæ, зæгъæн ис, æмæ ныртæккæ равдæлд. Аст азмæ саив кодта æстдæс нывы. Алкæцыйыл дæр схардз кæны иу аз æмæ рдæг. Ныртæккæ та кусы зындгонд темæйыл «Охотники на привале». Уым ис æстай авд хуызы. Æмæ уымæ гæсгæ у зын. Йæ фыццаг нывы та 13 хуызы йеддæмæ нæ уыд. Николай Пигас куыд зæгъы, афтæмæй ацы аивадон архайдæй исы стыр удæнцойдзинад æмæ рæсугъд æнкъарæнтæ. Николайы куыстытæй цалдæр равæрдтой Дæуджыхъæуы историйы музейы. Æхсызгон уый у, æмæ нæлгоймаг æрмдæсныйы куыст бауарзын кодта йæ бинойнаг Татьянæйæн дæр. Æмæ сын ныртæккæ сси иумæйаг уарзон хъуыддаг.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania