11 июля 2016, 17:56
Пъæлицæйæгтæ баурæдтой æнахуыр фыдгæнæджы
Хъæуыддаг афтæ уыд, æмæ-иу аууон бынæтты, адæм арæх кæм нæ цæуынц, уым сахатгай йæ амæттагмæ æнхъæлмæ каст. Йæ нысан уыд – сызгъæрин рæхыс байсын.
Пъæлицæйæгтæ баурæдтой æнахуыр фыдгæнæджы. Хъæуыддаг афтæ уыд, æмæ-иу аууон бынæтты, адæм арæх кæм нæ цæуынц, уым сахатгай йæ амæттагмæ æнхъæлмæ каст. Йæ нысан уыд – сызгъæрин рæхыс байсын. Фыдгæнæг-иу сылгоймаджы фæстæты байæфта, йæ хъурæй иу рæхыс æртыдта æмæ, велосипедыл спадгæйæ, алæгъд. Уыимæ давд дзаумæ йæ дзыхы бакодта, цæмæй йæ бахъуаджы сахат аныхъуыра. Лæппуйы баурæдтой Терчыфалейы районы пъæлицæйы оперативон службæгæнджытæ. Фыдгæнæг разынд, цалдæр хатты тæрхонгонд чи уыд, ахæм 37 -аздзыд дзæуджыхъæуккаг нæлгоймаг. Афæдзы размæ рацыд ахæстонæй. Давгæ кæй кæны, уый та æмбарын кæны уымæй, æмæ, кæм куса, уый йын нæй. Афтæмæй 20 азы арвыста ахæстоны. Ныртæккæ йыл 161-æм статьямæ гæсгæ сарæзтой уголовон хъуыддаг. Аххосджын у, уый бæлвырдгонд куы æрцæуа, уæд та йын рахæсдзысты 4 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон.
темæмæ гæсгæ




