Архайыны бар дзы уыд службæйы куыст хуыздæр базонын кæй фæндыд, уыдонæн алкæмæндæр.
Мæздæджы мидхъуыддæгты хайады службæ кæнынц 40 «участковый» пъæлицæйаджы. Алкæмæндæр сæ ис дзуапп кæмæн дæтты, ахæм административон фæзуат. Чидæртæ горæты фæзуæттæм цæст дарынц, чи та хъæуты. Фæлæ сæ хæс у иу – барад æмæ закъон хъахъхъæнын, адæмы сабыр цардыл хъуыды кæнын.
Акцийы архайджытæ бакастысты пъæлицæйæгтæ райсомæй – изæрмæ цы куыстытæ кæнынц, уымæ. Семæ зылдысты фатертыл, бирæ адæм кæм æмбырд кæны æмæ адæмæн тæссаг кæм у, уыцы бынæттæ. Агуырдтой æгъдаухалджыты.
Ахæм акци ведомствæйы арæзт æрцыд фыццаг хатт. Йæ нысан у адæмы базонгæ кæнын пъæлицæйæгты æрвылбоны куыстимæ. Цæмæй сæхæдæг феной æмæ бамбарой цавæр зындзинæдтимæ æмбæлынц, æхсæнады цавæр æппæрддзæг фæзындтæ ис… Уæвгæ, адæмæй пъæлицæгты куыстмæ арæх вæййы уайдзæфтæ. Фæлæ цы æмæ куыд кусынц, уый та нæ фæзонынц. Æмæ йæ цалынмæ дæхæдæг нæ бавзарай, уæдмæ искæй куыст зын бамбарæн у.
