филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:45 воскресенье, 01 февраля 2026
19 ноября 2019, 18:22
Паддзахадон æххуысы программæтæ царды уадзыны рæстæг, чысыл æмæ астæуккаг фермерон хæдзарæдтæ Ирыстонæн радтой 100 куысты бынатæй фылдæр

Уый тыххæй абон фехъусын кодтой хицауады сæрмагонд æмбырды

Паддзахадон æххуысы программæтæ царды уадзыны рæстæг, чысыл æмæ астæуккаг фермерон хæдзарæдтæ Ирыстонæн радтой 100 куысты бынатæй фылдæр. Уый тыххæй абон фехъусын кодтой хицауады сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Тускъаты Таймураз. Бæстон æрдзырдтой 3 национ проектыл. Арæзт сты чысыл, астæуккаг æмæ хи амалхъомдзинады рæзтмæ. Фермертæн æххуыс у тынг ахсджиаг, загъта премьер-министр. Фæстаг æртæ азмæ гранттæ радих кодтой 185 милуан сомæн фылдæр. Се ппæт дæр хардзгонд æрцыдысты дзидзайы, æхсыры, фосдарынады æмæ мыд дарыны куыстуæттæ райрæзын кæныныл. Иумæйаг æфтиаг ныридæгæн субсидиты бæрцæй фæфылдæр. Æмбырды ма ныхас цыд банкты системæйы куыстыл дæр. Микрокредиттæ дæттыны фонд бацархайдта 6 регионалон амалхъом адæмæн баххуыс кæныныл.  Стыр куыст цæуы республикæйы æппæт районты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania