филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:02 пятница, 05 июля 2024
11 октября 2012, 10:25
Паддзахадон академион ансамбль «Аланæн» ацы бонты Уæрæсейы цалдæр горæтыл уыд гастролон тур

Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион ансамбль «Аланæн» ацы бонты Уæрæсейы цалдæр горæтыл уыд гастролон тур. Фыццаг уал концерт радта Тамбовы, уый фæстæ Мæскуыйы Петр Чайковскийы номыл концертон залы.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион
ансамбль «Аланæн» ацы бонты Уæрæсейы цалдæр горæтыл уыд гастролон тур.
Фыццаг уал концерт радта Тамбовы, уый фæстæ Мæскуыйы Петр Чайковскийы
номыл концертон залы. Сфæлдыстадон къорд адæмы размæ рахаста абхазаг,
авайраг, гуырдзиаг, азербайджайнаг кæфтытæ, хъаматимæ кафт, «Фыййæутты
хъæзтытæ» æмæ æндæр кæфтытæ. Уый фæстæ, ансамбль йæ фæндаг акодта
Перьммæ. Уым дæр сын сæ аивадæн скодтой стыр аргъ. Артисттæ сæхæдæг куыд
зæгъынц, афтæмæй сыл алы ран дæр æмбæлыдысты æхсызгонæй, уæлдай дæр та
ирон диаспорæты минæвæрттæ. 65 азы «Алан» у, ирон кафты куырдадз. Абон
йæ репертуары ис 20 номерæй фылдæр. Фæлтæртæ дзы ивынц кæрæдзи. Æнæаивгæ
у æрмæстдæр кафтмæ уарзондзинад æмæ ансамблы æгъдæуттæ. Хатгай
артисттæн æнæхъæн афæдз уæгъд рæстæг дæр нæ вæййы, æмæ сæ уый тынгдæр
разæнгард кæны сæ куыстмæ. Сфæлдыстадон къорд ныр дæр аивадуарзджытæн
цæттæ кæны цымыдисаг кæфтытæ, фæлæ сæ нырмæ уал басусæг кодтой. Ацы
гострольты тыххæй та нæ республикæйы культурæ æмæ дзыллон коммуникациты
министрадмæ ссыд арфæйы фыстæг.

Къубалты Эльбрус, Цæгат Ирыстоны
паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы аивадон разамонæг: «Алы ран дæр
нæхи равдыстам тынг хорз. Министрадмæ ссыд арфæйы фыстæг».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania