Фидæны мадæлтæн дзурынц машинæйæ цæугæйæ куыд раст пайда кæнын хъæуы сæрмагонд хæцæн рæттæй, стæй зæрдыл лæууын кæнынц ноггуырд сывæллонимæ фæндагыл цавæр æдасдзинады мадзæлттæ хъæуы æххæст кæнын, уый.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ аразынц акци «Æдасдзинад райдайы пеленкæтæй». Фидæны мадæлтæн дзурынц машинæйæ цæугæйæ куыд раст пайда кæнын хъæуы сæрмагонд хæцæн рæттæй, стæй зæрдыл лæууын кæнынц ноггуырд сывæллонимæ фæндагыл цавæр æдасдзинады мадзæлттæ хъæуы æххæст кæнын, уый.
Мæздæджы фæндаггон патрулон инспектортæ бабæрæг кодтой сылгоймæгты консультаци, арæндон, стæй аныхас кодтой, уынджы цы сылгоймæгтыл сæмбæлдысты, уыдонимæ. Се ргом аздæхтой, уымæ дæр, цæмæй машинæйы сывæллонимæ цæугæйæ æнæмæнг фыццаг бонæй пайда кæной сæрмагонд бадæнтæй. Бамбарын кодтой сæ æвзарын сæ кæй хъæуы сывæллоны кармæ гæсгæ. Зæрдыл ма æрлæууын кодтой, фистæгæй цæуджытæн æдасдзинадæн ахъаз кæй сты, рухс чи кæны ахæм элементтæ. Фидар сæ кæнынц къахы, уæлæдарæсыл, кæнæ велосипедыл.




