филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:45 воскресенье, 01 февраля 2026
17 августа 2022, 10:54
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ Горæтгæрон районы фæндаггон-патрулон службæйы инспектортимæ сарæзтой рейд фæндаг Назрань-Кантышевойы

Рейды нысан у – фæндаггон фыдбылызтæ, стæй ацы хайы фæндаггон æгъдæуттæ халыны хъуыддаг фæкъаддæр кæнын

Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ Горæтгæрон районы фæндаггон-патрулон службæйы инспектортимæ сарæзтой рейд фæндаг Назрань-Кантышевойы. Рейды нысан у – фæндаггон фыдбылызтæ, стæй ацы хайы фæндаггон æгъдæуттæ халыны хъуыддаг фæкъаддæр кæнын. Сæрмагондæй цæст дардтой, тагъд чи цыд, ныхмæдзог фæндагмæ чи хызт, разæй кæныны æгъдæуттæ чи хæлдта, уыцы шофыртæм. Æппæтæй парахатдæр у – тагъд цæуыны фæтк халын. Арæх ацы хъуыддаг расайы фæндаггон-транспортон цаутæм. Паддзахадон автоинспекцийы пропагандæйы инспектортæ шофыртæн сæ зæрдыл æрлæууын кодтой, транспортмæ æдзух лæмбынæг цæст дарын кæй хъæуы, стæй цæуыны тагъдад хъуамæ дзуапп кæй дæтта, боныхъæды æмæ фæндæгты уавæртæн. Машинæты хицæуттæн радтой, профилактикон мадзæлтты æмæ арæхдæр цавæр фæндаггон фыдбылызтæ æрцæуы, уый тыххæй информациимæ гæххæттытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania