филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:42 понедельник, 20 мая 2024
28 марта 2014, 14:11
Паддзахадон Думæйы депутат Хæдарцаты Махарбег радон хатт фембæлд республикæйы цæрджытимæ

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы сæрдар Дмитрий Медведевы æхсæнадон исæнуатмæ алыхуызон фарстатимæ æрбацыд 50 адæймаджы. Уыд сæм алыхуызон фарстатæ. Колыты Аксойы номыл

Паддзахадон Думæйы депутат Хæдарцаты Махарбег радон хатт фембæлд республикæйы цæрджытимæ
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы сæрдар Дмитрий Медведевы æхсæнадон исæнуатмæ алыхуызон фарстатимæ æрбацыд 50 адæймаджы. Уыд сæм алыхуызон фарстатæ. Колыты Аксойы номыл Чырыстон гимназы директор æмæ ахуыргæнджытæ æрбацыдысты уымæн, æмæ сæ ахуыргæнæндоны сывæллæттæн нæй æмбæлгæ уавæртæ, хъæуы сæ компьютерон кълас. Стæй ма сæ фæнды цæмæй се скъола, раздæрау суа 11-къласон. Фарстаты хсæн ма уыдис, фæсивæдæн куысты быннæттæ кæй нæй, уый дæр. Адæм хъаст кодтой, цæрæн-коммуналон хæдзарады бирæ лыггæнинаг фарстатæ кæй ис, уымæй дæр. Се `ппæтæн дæр Хæдарцаты Махарбег зæрдæ бавæрдта, цы фарстатимæ йæм æрбацыдысты, уыдонæй иу дæр æнæрхъуыдыйæ кæй нæ баззайдзæн, уымæй.

Хæдарцаты Махарбег, УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат: «Æрбацыдис нæлгоймаг, фæкуыста 30 азы Сыбыры, Норильскы, æмæ йæ пенси хъуамæ уа фылдæр. Æмæ куы ныццæуон Мæскуымæ, уæд комитеты сисдзынæн уыцы фарста, æмæ йын хъуамæ исты дзуапп ссарæм, стæй уæд фарстайæн дзуапп куы рахæссæм, уæд æй ныффысдзыстæм Уæрæсейы хицауадмæ, æмæ йын агурдзысты дзуапп уыцы фарстайæн».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania