филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:28 воскресенье, 01 февраля 2026
24 января 2023, 11:10
Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб бабæрæг кодта горæт Соледар

Балцы рæстæг æркастысты, горæты чи баззад, уыцы цæрджытæн «Иугонд Уæрæсе»-йæ гуманитарон æххуысы пункттæ гом кæнын хъæуы æви нæ, уыцы фарстамæ

Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб Донецкы адæмон республикæйы сæргълæууæг Денис Пушилинимæ бабæрæг кодтой горæт Соледар. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта Донецкы республикæйы разамонæг. Балцы рæстæг æркастысты, горæты чи баззад, уыцы цæрджытæн «Иугонд Уæрæсе»-йæ гуманитарон æххуысы пункттæ гом кæнын хъæуы æви нæ, уыцы фарстамæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй Соледары цæрджытæн æппæт хъæугæ æххуыс кæнынц сæрмагонд æфсæддон компани «Вагнер»-ы хæстонтæ. Денис Пушилин куыд загъта, афтæмæй знаг фæстæмæ цæугæйæ фæнд кодта цæххы æрзæткъахæнтæ ныппырх кæнын, срæмудзын кодта коммуникацитæ. Фæлæ алцыдæр ис сног кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania