филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:13 воскресенье, 01 февраля 2026
09 августа 2023, 11:29
Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб Дзæуджыхъæуы сæмбæлд адæмимæ

Республикæйы цæрджытæ йæм æрбацыдысты сæ риссаг фарстатимæ

Паддзахадон Думæйы депутат, «Иугонд Уæрæсе»-йы регионты хсæн координацион советы разамонæг Цæгат Кавказы федералон зылды Мæхъиты Зураб партийы сæрдар Дмитрий Медведевы æхсæнадон исæнуаты Дзæуджыхъæуы сæмбæлд адæмимæ. Республикæйы цæрджытæ йæм æрбацыдысты сæ риссаг фарстатимæ. Баст уыдысты алы къабæзтимæ. Се хсæн – æнæниздзинадхъахъхъæнынад, куысты бынæттæй æххæст кæнын, цæрыны уавæртæ хуыздæр кæнын. Курдиæттæй иу баст уыд Дзæуджыхъæуы бирæфатерон хæдзары кæртмæ базилын. Ног Бæтæхъойыхъæуы цæрæг депутатмæ фæсидт, цæмæй йын баххуыс кæна, Уататы Бимболаты райгуырды 85 азмæ цы чиныг фыст æрцыд, уый мыхуыры рауадзыны хъуыддаджы. Парламентарий алы фарста дæр сбæлвырд кæныны тыххæй радта хæслæвæрдтæ. Мæхъиты Зураб куыд загъта, афтæмæй ахæм фембæлдтытæн ис стыр нысаниуæг. Бирæ фарстатæ хаст æрцæуынц партийы адæмон программæмæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania