Ахæм аргъ сын скодта Сергей Меняйло, республикæйы центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæимæ кусæг фембæлды
Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ Цæгат Ирыстоны территорийы арæзт æрцыдысты æргом æмæ барадон фæткмæ гæсгæ. Ахæм аргъ сын скодта Сергей Меняйло, республикæйы центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæимæ кусæг фембæлды. Уымæй дарддæр ма регионы разамонæг раарфæ кодта Центрон æвзарæн къамисы сæрдарæн, цы стыр æмæ ахадгæ куыст бакодтой, уый тыххæй. Моргуаты Жаннæ куыд радзырдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны æвзæрстыты цыдмæ фиппаинæгтæ æрхæссæн нæй. Федералон æвзарæн æмæ иумандатон зылдты æвзæрстыты хатдзæгтæм гæсгæ протоколтæ бафыстой 21-æм сентябры. Депутатæй равзæрстой регистрацигонд кандидат Таймазты Артуры. Уый райста æвзарджыты фылдæр хъæлæстæ.