филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:09 вторник, 16 декабря 2025
19 декабря 2019, 18:39
Паддзахадон Думæмæ хаст æрцыди, 2004-æм азы Беслæны теракты хъагдардбаййафджытæ фæсарæнты æххуыс исыны тыххæй закъоны проект

Ацы ногдзинад кæуыл апарахат уыдзæни, ахæм адæм Беслæны ис 70-мæ хæстæг.

Паддзахадон Думæмæ хаст æрцыди, 2004-æм азы Беслæны теракты хъагдардбаййафджытæ фæсарæнты æххуыс исыны тыххæй закъоны проект. Документы амынд куыд ис, афтæмæй 1-аг æмæ 2-аг къорды инвалидтæн хъуамæ фадат уа федералон бюджеты хардзæй се нæниздзинад хуыздæр кæнынæн. Ацы ногдзинад кæуыл апарахат уыдзæни, ахæм адæм Беслæны ис 70-мæ хæстæг. Бирæты уавæр дзы домы æнæрлæугæ зынаргъ реабилитаци, стæй фæлтæрдджын дохтырты æххуыс. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм гæнæнтæ рынчынтæн нæй. Бæлвырддæр – Касаты Наирæ.

15 азы размæйы газеттæ æмæ хуызистытæ. Ацы æрмæджытæ сты Хуызмиаты Зæлинæйы уыцы цаутимæ бæттæг. Беслæны 1-æм скъолайы амынæты бахаудысты йæ лæппу æмæ йæ чызг. Дыууæйæ дæр дзы нал рацыдысты. Уыимæ ма дзы баззадысты йæ хо йæ чызгимæ дæр. Йæхæдæг цыдæр амæлттæй баззади æгасæй. Бирæ операцитæ, йæ сæры абоны онг ис рæмудзæн æрмæджы схъистæ. Йæ иу цæстæй нæ уыны æппындæр, хъусгæ дæр нæ кæны. Зæлинæ йæ къахыл искуы слæудзæн, ууыл ныхас дæр нæ цыди. 4 мæйы Мæскуыйы клиникæйы, дæргъвæтин дзæбæхгæнæн мадзæлттæ. Æппынфæстаг ын йæ хъусыл сæвæрдтой аппарат, цæмæй дзы гыццыл хъуса.

2004-æм азы Беслæны скъолай           ы теракты йе *ртæ сывæллонимæ  бахауди Сатцаты Наталия дæр. Йæхимæ æрцыди къорд рæстæджы фæстæ, Мæскуыйы Бурденкойы наукон иртасæн институты.  Йæ къæбуты цы схъис баззади, уый сисынмæ йæ ныфс иу специалист дæр нæ бахаста. Сылгоймагæн скодтой бирæ операцитæ, аивтой йын йæ ныхы стæг дæр. Абон Наталияйæн æнæ искæйы æххуысæй йæ бон цæрын нæу. Æппынæдзух ис инвалиды креслæйы. Йæ галиу къух нæ кусы. Йæ дыууæ цæстыл дæр катаракта. Мæй дыууæ хатты реабилитаци скæны Цæгат-Кавказы бирæвæрсыг центры. Бузныг у дохтыртæй. Фæлæ хъыгагæн 15 азмæ йе нæниздзинады хуыздæр *рдæм ивддзинæдтæ нæй.

Хуызмиаты Зæлинæ æмæ Сатцаты Наталия сты 1-аг къорды инвалидтæ. Æмæ ма дзы ахæмтæ ис 70 адæймагмæ хæстæг. Абон сын паддзахадад фадат дæтты уæрæсейаг медицинон куыстуæтты сæхи дзæбæх кæнынæн. Активонæй сын æххуыс кæны «Беслæны мадæлты» комитет дæр. Фæлæ уыдонæн дæр сæ гæнæнтæ уæрæх не сты. Паддзахадон Думæйы депутут Мæхъиты Зураб афæдзы размæ райдыдта закъоны проектыл кусын, амынд дзы куыд ис, афтæмæй 2004-æм азы Беслæны теракты хъыгдардбаййафджытæй 1-аг æмæ 2-аг къорды инвалидтæ чи сты, уыдоæнæн дзæбæхгæнæн мадзæлтты бартæ сбæлвырд кæнын. 

Ацы хъуыддагыл стыр æмæ ахадгæ куыст цæуы. Ацы къуыри закъоны проект бахастой Паддзахадон Думæмæ. Бæрнон кусджытæ консультацитæ кодтой «Беслæны мадæлты» комитеты минæвæрттимæ.

Ног закъоны проект Сатцаты Наталияйæн йæ къахыл слæууынмæ гыццыл у ныфсы хос. Уæдæ Хуызмиаты Зæлинæ дæр йæ зæрдæ дары, ногдзинады фæрцы фæсарæнты специалистты консультацитæ райсыныл. Мæхъиты Зурабы хъæппæрисмæ ма нырмæ æркæсдзысты, стæй йыл закъондæттæг оргæнтæ бакусдзысты бæстондæрæй. Фæлæ, ныр дæр рагагъоммæ зæгъæн ис, æххуысхъуаг адæмæй бирæтæн се нæниздзинад фæхуыздæр кæнынæн стыр фадат кæй уыдзæн, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania