филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:47 пятница, 17 мая 2024
05 марта 2020, 18:48
Паддзахадон Дыгурон драмон театр æнхъæлмæ кæсы йæ уарзон театрдзаутæм

Райсом сæ размæ рахæсдзысты арфхъуыдыджын драмæ «Бæтæйы фырттæ»

Паддзахадон Дыгурон драмон театр æнхъæлмæ кæсы йæ уарзон театрдзаутæм. Райсом сæ размæ рахæсдзысты арфхъуыдыджын драмæ «Бæтæйы фырттæ». Актертæ фембæлдмæ сæхи  куыд цæттæ кæнынц уый федта Сосранты Жаннæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Зæрдæйæ зæрдмæ. Куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр Паддзахадон дыгурон драмон театры актерты къорд сæхи зæрдиагæй цæттæ кæны адæмы размæ  Мамсыраты Дæбейы уацмысмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Бæтæйы фырттæ» рахæссынмæ. Кæд æй сценæйы фыццаг хатт не вæрынц, уæддæр  актерты удвæллой къаддæр нæу. Алы сурæты дæр бауадзынц сæ уд. Уæвгæ театрæн лæггад кæнгæйæ, уымæн æнæ уæвæн дæр нæй.

«Бæтæйы фыртты» режиссер Цæгат Ирыстоны адæмон артист Хадаты Альберт Дыгурон театры архайы йæ сарæзтæй нырмæ. Ацы спектаклæн абоны царды бынат кæй ис, уый æмбаргæйæ йæ бафæндыд  Мамсыраты Дæбейы уацмыс æхсæнадмæ рахæссын.

Абоны царды нысантæ зæрдæйы фæндон цæмæй рауайой, уый тыххæй фæхъæуы  фæрсхæст. «Бæтæйы фырттæ» сценæмæ рацыдысты  Ирыстоны кадджын хъæбул Боллоты Таймуразы æххуысы фæрцы. Арфæйæг дзы сты театры къорд.

Артисттæ сæхи бæстон цæттæ кæнынц. Кæд æй адæмы рагъмæ фыццаг хатт нæ хæссынц, уæддæр театры къорды архайджытæ тыхсынц. Сæ сæйраг нысан у – театрдзауты зæрдæхудты ма бацæуын.

Спектакль «Бæтæйы фырттæ» ныры дуджы у актуалон. Йæ режиссер куыд зæгъы, афтæмæй æппæт сурæттæ дæр сты сæйраг. Бæтæйы роль йæхиуыл сбарста Габеты Хетаг. Спектаклы кæрæй кæронмæ кæд æнæзмæлгæйæ хъазы, уæддæр æппæт хъуыддæгтæ дæр арæзт сты йæ алыварс.

Театры чысыл къорд тынг тыхсы, сæ бынат кæй раивтой, уымæй. Ныр сты Металлургты галуаны. Спектакль кæдфæндыдæр  актуалон кæй уыдзæн, уымæн та æвдисæн у – историон цаутæм гæсгæ æвæрд кæй у, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania