филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:11 среда, 17 декабря 2025
22 августа 2024, 11:10
Паддзахадон фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» цæгатирыстойнаг филиалы командæ рамбылдта сызгъæрин æмæ бронзæ майдантæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» æппæтрегионалон Кубок

Архайдтой дзы сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ. Ерыстæ цыдысты спорты алы хуызтæй. Лæппутæ сæхи цæттæ кодтой параолимпиаг резервы спортивон скъола «Стимул»-ы тренерты разамындæй. Армрестлингæй турниры йæхи уæзы фæуæлахиз Цхурбаты Зауырбег. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Текъойты Станислав Стъараполы рамбылдта бронзæ майдан армрестлингæй «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты Кубок»-ы æппæтрегионалон къæпхæны ерысты. Цæттæ кодта 3 мæйæ фылдæр. Йæхæдæг куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, раздæр ацы спорты хуызмæ цымыдисдзинад йæ зæрдæйы никуы *взæрди. Фæлæ йæ ницы бахъыгдардта æртыккаг суæвын 90 килограмы уæзы. Текъойты Станислав мобилизацигонд æрцыд 2022 азы сентябры. 58 – æм æфсадимæ йе *фсæддон хæс æххæст кодта Запорожьейы. Уыцы аз ноябры фæцæф, æрцыд хъыгдард йæ астæуы хъæд. Йе *нæниздзинад куы фæфидар, уæд йæхицæн снысан кодта – дарддæр дæр активон цард кæнын æмæ спортæй архайын.

Цæгатирыстойнаг командæ арæзт уыд сæрмагонд æфсæддон операцийы 10 ветеранæй. Уыдон ерыс кодтой спорты цалдæр хуызы. Æхстой хæцæнгæрзтæй æмæ æрдынтæй, хъазыдысты столы теннисæй æмæ параолимпаг волейболæй, сæ тых æвзæрстой армрестлингæй æмæ пауэрлифтингæй. Цæгатирыстойнаг командæ рамбылдта 4 хæрзиуæджы – 1 сызгъæрин æмæ 3 бронзæ майданы. Фонд «Райгуырæн зæхх хъахъхъæнджыты» филиалы разамонæг Хетæгкаты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ, лæппуты къухы бафтыд стыр æнтыстдзинад. Æххуыс сын фесты, сæрмагонд æфсæддон операцийы цы хъæбатырдзинад æмæ удты ныфсхаст æвдыстой, уыцы миниуджытæ.

Æдæппæтæй ерысты архайдтой 130 спортсмены. Се *ппæт дæр уыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Се *хсæн уыд 27 Уæрæсейы хъайтары. Æрцыдысты Цæгат-Кавказы æмæ Хуссар федералон зылдтæй, Донецкы æмæ Луганскы Адæмон республикæтæй. Нæ бæстæйы ацы ерыстæ арæзт сты 5-æм хатт. Ацыдысты федералон проект «Демографийы» федералон проект «Спорт – царды нормæ» царды уадзгæйæ.

Цæгат Ирыстоны уæлдай цæстдард цæуы йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм спортсментæм. Уыдонæн фадат ис спорты алы хуызтæй архайынæн параолимпаг резервы спортивон скъола «Стимул»-ы. Командæ «Ирыстон»-ы футболистты *хсæн ис сæрмагонд æфсæддон операцийы 2 ветераны. Йæ капитан куыд загъта, уымæ гæсгæ комæндæ æхсызгонæй сæмбæлдзæн йæ ног уæнгтыл.

«Райгуырæн зæхх хъахъхъæнджыты Кубокы» æппæтрегионалон къæпхæны уæлахиздзаутæ æмæ призертæ архайдзысты æппæтуæрæсеон ерысты. Уыдон цæудзысты Сочийы 14-æй 17-æм ноябрьмæ. Ныр сæм лæппутæ сæхи æнæвгъауæй цæттæ кæнынц. Хъуамæ та сæ хæрзиуджыты къæбиц фæхъæздыгдæр кæной сызгъæрин майдантæй. Æмæ та цæгатирыстойнаг спортменты ном азæлдзæн æнæхъæн Уæрæсейыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania