филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:13 суббота, 28 сентября 2024
06 декабря 2021, 12:27
Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур кусæг балцы уыд Мæздæджы районы

Федта, районы центры партион проект «Городская среда» куыд æххæстгонд цæуы, уый

Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур кусæг балцы уыд Мæздæджы районы. Федта, районы центры партион проект «Городская среда» куыд æххæстгонд цæуы, уый. Уымæн æмæ депутат йæхæдæг у йæ координатор. Йе мкусджытимæ фракци «Иугонд Уæрæсе»-йæ уыд Октябры 50 азы фæзы. Ацы аз дзы проект æххæстгæнгæйæ фæзындысты нырыккон рухсгæнæнтæ, фонтантæ йæ алфамбылай территорийы. Дубининты æфсымæрты номыл парчы депутат аныхас кодта скъола-интернаты хъомылгæнинæгтимæ. Уыцы рæстæг лæппутæ æмæ чызджытæ Æнусон арты цур сарæзтой зиу. Мæздæджы районы сæргълæууæгимæ ныхас кæнгæйæ, Таймазты Артур базыдта, районы цæрджыты чи тыхсын кæны, уыцы фарстайы тыххæй – дзæгъæл куыйтæ уынгты сарæх сты. Депутат радзырдта, фарста кæй фехъусын кæндзæн Паддзахадон думæйы экологийы æмæ æрдзон ресурсты комитетæн. Бацархайдзæн, цæмæй радих кæной фæрæзтæ дзæгъæл цæрæгойтæн дарæн бынат саразынæн. Таймазты Артур ма бабæрæг кодта, партион проект æххæст кæнгæйæ кæй саив кодтой, ахæм кæрты территори. Куыд загъта, афтæмæй кусдзысты фылдæр æхсæнадон территоритæ саив кæныныл, æмæ сын фæрæзтæ дих кæныныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania