филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:15 воскресенье, 01 февраля 2026
12 октября 2022, 11:58
Паддзахадты хсæн телерадиокомпани «Мир» сбæрæг кодта йе 30 азы юбилей

Уыцы мгъуыдмæ йæхи адæмæн базонын æмæ бауарзын кодта

Паддзахадты хсæн телерадиокомпани «Мир» сбæрæг кодта йе 30 азы юбилей. Уыцы мгъуыдмæ йæхи адæмæн базонын æмæ бауарзын кодта. Йæ кусджытæ архайынц бæлвырд æмæ раст ифнормаци хæццæ кæныныл. Медиахолдингæн раарфæ кодта Уæрæсейы Владимир Путин. Куыд загъта, афтæмæй телерадиокомпани «Мир» арæзт кæй æрцыд, уый хорзырдæм фæахъаз паддзахадты хæлар ахастдзинæдтыл. Медиахолдингы ныртæккæ ис 11 филиалы дунейы 9 бастæйы. Аудитори та у 200 милуан адæймаджы. Ныхасы бар Сосранты Жаннæйæн.

Ацы коллективы ахастдзиндæтæ, цыфæнды боныхъæды дæр, сты зæрдиаг æмæ хъарм. Телерадиокомпани Мир бæрæг кæны йæ 30 азы юбилей. Цæгаткавказаг хайад та фæзынд афæдз фæстæдæр.  Радифоэфиртæ, телевизион хабæрттæ, тематикон программæтæ –  контентыл кусы  чысыл, фæлæ дæсны командæ. Улубиаты Чермен куыд зæгъы,  афтæмæй уацхæссæгæй ардæм  æртындæс азы размæ æрбацыд, фæлæ рæстæг куыд азгъордта, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта.

Æнæмæнг базонинаг хъуыддæгтæ дзы уыд.  Себетты Аллан Мæскуыйы операторы дæсныйад райсыны фæстæ, райдыдта кусын телевизион кинонывты студийы.

Систа 15 аивадон æмæ дæсгай   документалон кинонывы. Уый фæстæ та йæ фæхуыдтой  «Мир»-мæ. Æмæ дзы кусы йæ байгомæй абонмæ.  Йæ хъуыдымæ гæсгæ , уый куыстыл ахуыр нæу, фæлæ уарзондзинад..

Уæдæ филиалы разамонæг та у бирæвæрсыг дæсныйады хицау. Кæны продюсер, уацхæссæг, оператор,  монтажер æмæ инженеры куыст. Уæвгæ дзы алчидæр кæны йæ размæ æвæрд хæс.

Кæцы йæ рауайы иумæйаг хъуыддаг. Уыимæ дзы алкæйы бон дæр у , иннæйы баивын. Уæвгæ æндæр хуызы дæр хъуамæ куыд уа. Сæ иумæйаг архайды рæстæг фæзынынц ног хъуыдытæ, ног фæндтæ.

Филиалы разамонæг Хъантемыраты Станиславы ныхæстæм гæсгæ  30 азмæ бирæ цыдæртæ ивд æрцыд. Фæлæ сæйрагдæр хъуыддæг баззад раздæрау.

Æртын азы размæ Паддзахæдты хсæн телерадиокомпани «Мир» конд æрцыд, цæмæй баиу кæна республикæтæ, раздæры цæдисон бæстæтæ, цымæ иумæйаг системæйы фидаргæнæнтæ сты, афтæ. Кæд Эфиры фæрцы, уæддæр.

Æрвылбон Паддзахæдты хсæн телерадиокомпанийы хыз цымыдисаг хабæрттæй æххæст кæныныл, ам архайынц канд сфæлдыстадон кусджытæ нæ, фæлæ ма техникон специалисттæ дæр.  Æмбарынц æй дуне иу кæй у, æмæ йæ сабырдзинадыл куыст дæр иумæйаг кæй у, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania