филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:38 среда, 13 августа 2025
20 декабря 2023, 12:20
Паддзахады æххуысы фæрцы æрмдæснытæн сæ хоббийæ æнцонæй рауайы æрвылбоны куыст

Владимир Путин бафыста, «адæмон аивадон амалиуæгтæ» чи бæрæг кæны, уыцы термины тыххæй, æмæ хицауадон оргæнтæн ацы къабазы чи архайы, уыцы организацитæн паддзахадон æххуыс кæныны бар дæттыны тыххæй закъон

Ивгъуыд къуыри Владимир Путин бафыста, «адæмон аивадон амалиуæгтæ» чи бæрæг кæны, уыцы термины тыххæй, æмæ хицауадон оргæнтæн ацы къабазы чи архайы, уыцы организацитæн паддзахадон æххуыс кæныны бар дæттыны тыххæй закъон. Ацы къабаз кæны парахатдæр, ахæм продукци фылдæр агурын райдыдтой. Паддзахады æххуысы фæрцы æрмдæснытæн сæ хоббийæ æнцонæй рауайы æрвылбоны куыст. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Æнгом хъуымац, æндæхтæ æмæ, æнæмæнг, уæлкурдиат. Уый фæрцы равзæрынц авторон куклатæ. Хъесаты Маргаритæ куыд зæгъы, афтæмæй сæ цæттæ кæнын зын нæу. Сæйрагдæр у, дæ хъуыдыты фæдыл цæуын. Ацы къабазы Маргаритæ æрæджы райдыдта архайын. Фыццаг фæзындысты хуымæтæг формæтæ, уый фæстæ та лæмбынæгдæр уацмыстæ.

Фыццаг æрмдæсны йæхицæн хуыдта. Рæстæгимæ хоббийæ рауад чысыл бизнес. Æмæ йæ уæд бахъуыд æххуыс. Афтæ фарон йæ хъуыддаджы райрæзтæн Маргаритæ райста грант. Ныр ын фæзынд ног гæнæнтæ.

Ахæм æххуыс – æрмæст æхца бакусыны фæрæз нæу. Фæлæ ма алыварс адæмы хъæздыг историмæ сцымыдис кæныны фадат. Илья Стукалов цæттæ кæны сæракæй дзауматæ. Баххæст сæ кæны сæрмагонд мидисæй. Уый сæ баиу кæны адæмон культурæимæ.

Ацы куыст кæны æрмдæсны Хъуылаты Мæдинæ дæр.

Афтæмæй парахат кæнынц адæмон аивадон амалиуæгтæ. Уый та у, традицион аивад сног кæныны æмæ уидæгтæм раздахыны фадат. Ныр ацы термин фидаргонд æрцыд закъоны.

Ног закъон уæрæхдæр кæны паддзахадон æххуысы арæнтæ. Ныр æрмдæснытæн сæ бон уыдзæн хицæн фæткы кусын. Пайда кæндзысты сæрмагонд хъалонфидæн фæткæй.

Уымæй уæлдай закъон фыццаг хатт æххæст кæны къабазы цифровизацийы процесс. Адæмон аивадон амалиуæгты æрмдæсныты тыххæй информаци кæм уыдзæн, уыцы регионалон реестрæй пайда кæнын алкæйы бон дæр уыдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania